Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Иоанн 13:27 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

27 Уыцы тӕккӕ уысм сайтан бацыди Иудӕйы мидӕг, ӕмӕ йын уӕд Йесо загъта: «Цы кӕнинаг дӕ, уый тагъддӕр кӕн».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Иоанн 13:27
16 Iomraidhean Croise  

Сихорафон сӕ Илийа хынджылӕг кӕнын байдыдта: «Тынгдӕр хъӕр кӕнут, хуыцау уын куы у! Уӕд та йӕ хъуыдыты аныгъуылд, хъуыддаджы лӕуд у, фӕндагыл ис кӕнӕ фынӕй кӕны? Райхъал ӕй кӕнут!»


Адӕмтӕн рахӕсдзӕни тӕрхон, мӕрдтӕй байдзаг кӕндзӕни бӕстӕ, ӕгас зӕххыл хицӕутты сӕртӕ ныссӕтдзӕн.


уымӕн ӕмӕ уыдон фыдбылыз саразынмӕ, искӕй туг ныккалынмӕ тагъд кӕнынц.


Дунейы алцы кӕуылфӕнды дӕр ӕрцӕуы. Удӕгас адӕймаг хӕрамӕй йедзагӕй ӕмӕ зондцухӕй фӕцӕры, уый фӕстӕ мӕрдтыл бафты.


Уӕд ацӕуы ӕмӕ йемӕ ӕркӕны ӕндӕр авд ӕнӕзӕгъинаджы, йӕхицӕй фыддӕрты, бацӕуынц уырдӕм ӕмӕ дзы ӕрцӕрынц. Ӕмӕ уыцы адӕймаг бахауы, раздӕр цы уыди, уымӕй ноджы фыддӕр уавӕры. Ацы фыдзӕрдӕ фӕлтӕрӕн дӕр сӕ хабар раст афтӕ уыдзӕн».


Йесо йын дзуапп радта: «Фесӕф, сайтан! Фыст ис: „Кув дӕ Хицау Хуыцаумӕ ӕмӕ ӕрмӕстдӕр Уымӕн лӕггад кӕн“».


Чызг уайтагъд фӕстӕмӕ фездӕхт ӕмӕ паддзахӕн загъта: «Гъертӕккӕ мын Аргъауӕг Иоанны сӕр тӕбӕгъыл мӕ разы авӕр».


Сайтан бацыди дыууадӕс ахуыргӕнинагӕй иуы, Искариот кӕй хуыдтой, уыцы Иудӕйы мидӕг.


Уыцы рӕстӕг хӕйрӕг Иудӕйы, Симон Искариоты фырты, Йесойы ауӕй кӕныныл сардыдта.


Афтӕ йын цӕй тыххӕй загъта, уый фынгыл бадджытӕй ничи бамбӕрста.


Йесо сын загъта: «Уӕ дыууадӕсы дӕр Ӕз нӕ равзӕрстон, ӕви? Фӕлӕ уӕ иу хӕйрӕг у».


Петр ын загъта: «Ананиа, сайтаны дӕ зӕрдӕмӕ цӕмӕн бауагътай — Сыгъдӕг Удӕн мӕнг цӕмӕн загътай ӕмӕ, дӕ зӕххӕй цы ӕхцатӕ райстай, уыдонӕй цӕмӕн басусӕг кодтай?


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan