Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Иоанн 13:18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

18 Уе ’ппӕты тыххӕй нӕ зӕгъын. Ӕз, кӕй равзӕрстон, уыдоны зонын. Фӕлӕ хъуамӕ сӕххӕст уа, Сыгъдӕг Фысты цы загъд ис, уый: „Мемӕ къӕбӕр чи хордта, уый рацыди Мӕ ныхмӕ“.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Иоанн 13:18
27 Iomraidhean Croise  

Дунедарӕг мын боныгон равдисы Йӕ хорзӕх, ӕмӕ ме ’хсӕвы зарӕг вӕййы Ууыл — мӕ царддӕттӕг Хуыцауыл.


уӕд Нетаниайы фырт Измаел ӕмӕ, йемӕ цы дӕс лӕджы уыди, уыдон ӕвиппайды фестадысты ӕмӕ Ахикамы фырт Гедалиайы, Шафаны фырты фырты, кардӕй барӕхуыстой — Вавилоны паддзах бӕстӕйы хицауӕй кӕй сӕвӕрдта, уый амардтой.


адӕймагӕн йӕ хӕдзаронтӕ суыдзысты йе знӕгтӕ“.


Куы хордтой, уӕд Йесо загъта: «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: уӕ иу Мыл гадзрахатӕй рацӕудзӕн».


Йесо сын дзуапп радта: «Цӕхдоны Мемӕ йӕ къӕбӕр чи атылдта, уый Мӕ ауӕй кӕндзӕн.


Куы баизӕр ис, уӕд Йесо ӕрбацыди Йӕ дыууадӕс ахуыргӕнинагимӕ.


Ӕмӕ фынджы уӕлхъус куы бадтысты, уӕд Йесо загъта: «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: уӕ иу Мыл — ныртӕккӕ Мемӕ къӕбӕр чи хӕры, уый — гадзрахатӕй рацӕудзӕни».


Йесо сын загъта: «Дыууадӕсӕй иу, цӕхдоны Мемӕ йӕ къӕбӕр чи тулы, уый.


Фӕлӕ мӕнӕ Мӕ уӕйгӕнӕг Мемӕ иу фынгыл бады.


Уыцы ныхӕсты фӕстӕ Йесо Йӕхимидӕг тынг ӕрбатыхст ӕмӕ загъта: «Ӕцӕг уын зӕгъын, ӕцӕг, уӕ иу Мыл гадзрахатӕй рацӕудзӕни».


Уыцы ныхӕстӕм ахуыргӕнинӕгтӕ кӕрӕдзимӕ ракӕс-бакӕсыл фесты — Йесо кӕй тыххӕй зӕгъы, уый не ’мбӕрстой.


Йесо йын дзуапп радта: «Мӕ къӕбӕр цӕхдоны куы атулон, уӕд ӕй кӕмӕ раттон, уый». Къӕбӕр цӕхдоны атылдта ӕмӕ йӕ радта Иудӕмӕ, Симон Искариоты фыртмӕ.


Сымах Мӕ нӕ равзӕрстат, фӕлӕ уӕ Ӕз равзӕрстон ӕмӕ уын бахӕс кодтон, цӕмӕй цӕуат ӕмӕ дунейӕн пайда хӕссат, уӕ уыцы пайда мыггагмӕ куыд уа, афтӕ. Ӕмӕ уӕд Мӕ номӕй цыдӕриддӕр ракурат Фыдӕй, уый уын ратдзӕни.


Сымах ацы дунейӕ куы уаиккат, уӕд уӕ дуне йӕхионтау уарзид. Сымах ацы дунейӕ кӕй не стут, Ӕз уӕ кӕй равзӕрстон ӕмӕ уӕ дунейӕ кӕй фӕхицӕн кодтон, уый тыххӕй уӕ уыны ацы дуне йе сӕфт.


Фӕлӕ афтӕмӕй хъуамӕ сӕххӕст уа, се ’Гъдауы цы фыст ис, уый: „Дзӕгъӕлы Мӕ уынынц се сӕфт“.


Ӕз цалынмӕ семӕ уыдтӕн, уӕдмӕ сӕ хъахъхъӕдтон, Ды Мын кӕй радтай, Дӕ уыцы номы хъаруйӕ. Ӕз сӕ бахъахъхъӕдтон, ӕмӕ дзы ничи фесӕфти, мӕлӕтӕн гуырды йеддӕмӕ, цӕмӕй сӕххӕст уа, Сыгъдӕг Фыст цы зӕгъы, уый.


Уыцы ныхас рауади, цӕмӕй сӕххӕст уа, Йесо фӕсномыгӕй Йӕ мӕлӕты тыххӕй рагацау цы загъта, уый.


Ӕмӕ кӕрӕдзийӕн загътой: «Скъуынгӕ йӕ ма акӕнӕм, фӕлӕ хӕлттӕ сӕппарӕм, кӕддӕра нӕ кӕмӕ ӕрхауид». Уымӕн ӕмӕ хъуамӕ сӕххӕст уыдаид, Сыгъдӕг Фыст цы зӕгъы, уый: «Се ’хсӕн Мын байуӕрстой Мӕ дарӕс ӕмӕ Мын Мӕ уӕлӕдарӕсыл хӕлттӕ сӕппӕрстой». Ӕфсӕддонтӕ ӕцӕгдӕр афтӕ бакодтой.


Ӕппӕт уыдӕттӕ ӕрцыдысты, цӕмӕй сӕххӕст уа Сыгъдӕг Фыст: «Йӕ иу стӕг дӕр нӕ асӕтдзӕн».


Ӕртыккаг хатт ӕй бафарста: «Иоанны фырт Симон, уарзыс Мӕ?» Ӕмӕ йӕ ӕртыккаг хатт, уарзыс Мӕ, зӕгъгӕ, кӕй бафарста, уый тыххӕй Петр фенкъард ис ӕмӕ Йын дзуапп радта: «Бардарӕг, Ды алцыдӕр зоныс. Ды зоныс, ӕз Дӕ кӕй уарзын, уый». Йесо йын загъта: «Хиз Мын Мӕ фысты.


Йесо сын загъта: «Уӕ дыууадӕсы дӕр Ӕз нӕ равзӕрстон, ӕви? Фӕлӕ уӕ иу хӕйрӕг у».


(ӕртӕсӕдӕ дыууын адӕймаджы бӕрц ӕрӕмбырд ис) ӕмӕ загъта: «Ӕфсымӕртӕ! Хъуамӕ сӕххӕст уыдаид Сыгъдӕг Фыст — Сыгъдӕг Уд Иудӕйы тыххӕй развӕлгъау Давиды уылты цы загъта, уый: Иудӕ, Йесойы фӕдыл чи зылд, уыдоны йӕ фӕдыл кӕй ӕрбакӕндзӕн.


суанг, Йе ’взӕрст апостолтӕн Сыгъдӕг Уды фӕрцы бардзырдтӕ куы радта ӕмӕ уӕлӕрвтӕм куы ссыди, уыцы боны онг.


Мах нӕхи тыххӕй нӕ хъусын кӕнӕм, фӕлӕ, Йесо Чырысти Хицау кӕй у, уый тыххӕй; мах та Йесойы сӕраппонд уӕ цагъартӕ стӕм.


Уымӕн сусӕг ницы ис дунесфӕлдысты. Мадард бӕгънӕгау гом у алцы Йӕ цӕсты раз, дзуапп Кӕмӕн дӕтдзыстӕм, Уымӕн.


Йӕ сывӕллӕтты дӕр ын амардзынӕн; уӕд ӕппӕт аргъуантӕ дӕр базондзысты, Ӕз адӕймагӕн йӕ зӕрдӕ ӕмӕ йӕ хъуыдытӕ кӕй уынын, уый, ӕмӕ уӕ алкӕмӕн дӕр кӕй йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ бафиддзынӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan