17 Кӕд уый зонут, уӕд тӕхудиаг уыдзыстут, сымах дӕр афтӕ куы кӕнат, уӕд.
Ной ӕппӕт дӕр бакодта, Хуыцау ын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.
Моисей бакодта, Дунедарӕг ын куыддӕриддӕр бафӕдзӕхста, афтӕ.
Пехуымпартӕ рагуацтӕ куынӕуал фӕуынынц, уӕд адӕм, ӕфсарм цы у, уый ферох кӕнынц; Хуыцауы ’гъдау чи ӕххӕст кӕны, уый тӕхудиаг у.
Дунедарӕг мын загъта: «Ацы ныхӕстӕ Иудейы сахартӕ ӕмӕ Йерусалимы уынгты фехъусын кӕн. Зӕгъ-иу: „Ацы фидыды ныхӕстӕм хъусут ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕнут!
Уӕ мидӕг уын бавӕрдзынӕн Мӕ Уд, ӕмӕ Мын уӕд Мӕ фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ цӕрдзыстут, ӕххӕст мын кӕндзыстут Мӕ уагӕвӕрдтӕ.
Уымӕн ӕмӕ, Мӕ Уӕларвон Фыды фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уый у Мӕнӕн Ме ’фсымӕр, Мӕ хо ӕмӕ Мӕ мад».
Йесо та загъта: «Тӕхудиаг сты, Хуыцауы дзырдмӕ чи хъусы ӕмӕ йӕ чи ӕххӕст кӕны, уыдон».
Ӕз уын цы фӕдзӕхсын, уый куы ӕххӕст кӕнат, уӕд стут Мӕ хӕлӕрттӕ.
Уымӕн ӕмӕ Хуыцау сраст кӕндзӕн, Ӕгъдау хъусгӕ чи кӕны, уыдоны нӕ, фӕлӕ, Ӕгъдау ӕххӕст чи кӕны, уыдоны.
Уымӕн ӕмӕ, мах Йесо Чырыстиимӕ куы уӕм, уӕд, сунӕт скӕнай, ма скӕнай — уӕлдай нӕу; ахсджиаг у ахӕм уырнындзинад, уарзты уылты чи раргом вӕййы.
Фӕлӕ ахӕм нӕу, сӕрибардӕттӕг ӕнаипп ӕгъдау чи иртасы ӕмӕ йыл чи хӕцы, уыцы адӕймаг. Цы хъусы, уый ӕрмӕст йӕ зӕрдыл нӕ дары, фӕлӕ ма йӕ ӕххӕст дӕр кӕны. Ахӕм адӕймаг тӕхудиаг уыдзӕн йӕ алы хъуыддаджы дӕр.
Уӕдӕ хорздзинад аразын кӕй хъӕуы, уый чи ӕмбары ӕмӕ йӕ нӕ кӕны, уымӕн уый тӕригъӕд у.
Мӕ фӕдзӕхстытӕ чи ӕххӕст кӕны, уыдон тӕхудиаг сты — уыдзӕн сын царды бӕласы дыргъӕй бахӕрыны ӕмӕ сахармӕ кулдуарыл бацӕуыны бар.