11 Йесо зыдта Йӕ уӕйгӕнӕджы ӕмӕ уымӕн загъта, уе ’ппӕт сыгъдӕг не стут, зӕгъгӕ.
Уе ’ппӕты тыххӕй нӕ зӕгъын. Ӕз, кӕй равзӕрстон, уыдоны зонын. Фӕлӕ хъуамӕ сӕххӕст уа, Сыгъдӕг Фысты цы загъд ис, уый: „Мемӕ къӕбӕр чи хордта, уый рацыди Мӕ ныхмӕ“.
Уыцы рӕстӕг хӕйрӕг Иудӕйы, Симон Искариоты фырты, Йесойы ауӕй кӕныныл сардыдта.
Уыцы ныхӕсты фӕстӕ Йесо Йӕхимидӕг тынг ӕрбатыхст ӕмӕ загъта: «Ӕцӕг уын зӕгъын, ӕцӕг, уӕ иу Мыл гадзрахатӕй рацӕудзӕни».
Йесо йын дзуапп радта: «Мӕ къӕбӕр цӕхдоны куы атулон, уӕд ӕй кӕмӕ раттон, уый». Къӕбӕр цӕхдоны атылдта ӕмӕ йӕ радта Иудӕмӕ, Симон Искариоты фыртмӕ.
Ӕз цалынмӕ семӕ уыдтӕн, уӕдмӕ сӕ хъахъхъӕдтон, Ды Мын кӕй радтай, Дӕ уыцы номы хъаруйӕ. Ӕз сӕ бахъахъхъӕдтон, ӕмӕ дзы ничи фесӕфти, мӕлӕтӕн гуырды йеддӕмӕ, цӕмӕй сӕххӕст уа, Сыгъдӕг Фыст цы зӕгъы, уый.
Цыдӕриддӕр Ыл ӕрцӕудзӕн, уый зонгӕйӕ, Йесо сӕ размӕ рацыд ӕмӕ бафарста: «Кӕй агурут?»
ӕмӕ Йын адӕймаджы тыххӕй исчи исты загътаид, уый сӕр Ӕй нӕ хъуыд — йӕ зӕрдӕйы кӕмӕн цы ис, уый Йӕхӕдӕг хорз зыдта.