7 Йесо загъта: «Ныууадз ӕй. Мариа Мын ацы хӕрздӕфгӕнӕн Мӕ ныгӕнӕн бонмӕ бавӕрдта.
Дунедарӕг сайтанӕн загъта: «Сайтан! Йерусалим Чи сӕвзӕрста, уыцы Дунедарӕг дын бар ма раттӕд! Уымӕн ӕмӕ ацы адӕймаг у, артӕй цы ’хсидав фелвӕстӕуы, уыйау!»
Йесо бамбӕрста, цӕуыл дзурынц, уый ӕмӕ сын загъта: «Цӕмӕн къӕмдзӕстыг кӕнут сылгоймаджы? Уый Мӕнӕн хорз хъуыддаг сарӕзта.
Ацы хӕрздӕфгӕнӕн Мын Мӕ буарыл кӕй ауагъта, уымӕй Мӕ ӕрцӕттӕ кодта ныгӕнынмӕ.
Фӕлӕ сын Йесо загъта: «Ныууадзут ӕй, цӕмӕн ӕй къӕмдзӕстыг кӕнут? Уый хорз хъуыддаг сарӕзта Мӕнӕн.
Иу лӕг, йӕ ном — Йосеф, синедрионы уӕнг, хӕларзӕрдӕ ӕмӕ раст адӕймаг,