Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Иоанн 12:50 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

50 ӕмӕ Ӕз зонын: Йӕ фӕдзӕхст у мыггагмӕйы цард. Ӕз дзурын, Мӕ Фыд Мын цы бафӕдзӕхста, ӕрмӕстдӕр уый».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Иоанн 12:50
12 Iomraidhean Croise  

Мыггагмӕйы цард та уый у, цӕмӕй Дӕу, иунӕг ӕцӕг Хуыцауы, ӕмӕ Де ’рвыст Йесо Чырыстийы зоной.


Ацы чиныг та уымӕн фыст ӕрцыд, цӕмӕй баууӕндат, Йесо Хуыцауы Фырт, Чырысти кӕй у, ууыл. Ӕмӕ куы ӕууӕндат, уӕд Йӕ фӕрцы схайджын уыдзыстут мыггагмӕйы цардӕй.


Уый фӕдыл сын Йесо загъта: «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: Фырт Йӕхи фӕндӕй ницы саразы, Фыд цы аразы, уый куынӕ уына, уӕд: Фыд цыдӕриддӕр аразы, уый аразы Фырт дӕр.


Хуыцауы Уд царддӕттӕг у, адӕймаг та ӕдых у. Ӕз уын цы ныхӕстӕ дзурын, уыдоны царддӕттӕг Уды хъару ис.


Симон Петр Ын дзуапп радта: «Хицау, кӕмӕ хъуамӕ фӕцӕуӕм? Дӕумӕ куы сты мыггагмӕйы царддӕттӕг ныхӕстӕ.


Уӕд сын Йесо загъта: «Адӕймаджы Фырты уӕлӕмӕ куы сисат, уӕд базондзыстут: уый Ӕз дӕн ӕмӕ Мӕхи номӕй ницы кӕнын, фӕлӕ зӕгъын, Мӕ Фыд Мын цы бацамыдта, уый.


Сӕхи ’хсӕнӕй сын сӕвӕрдзынӕн Ӕз дӕ хуызӕн пехуымпары. Йӕ комы йын Мӕ ныхӕстӕ бавӕрдзынӕн, ӕмӕ йын Ӕз цыдӕриддӕр зӕгъон, уыдӕттӕ дзурдзӕн.


Ӕмӕ мын хатыргонд дӕр уый тыххӕй ӕрцыд, цӕмӕй Йесо Чырысти фыццаг мӕныл равдиса, куыд бирӕбыхсаг у, уый — чи Йыл баууӕнда ӕмӕ мыггагмӕйы цард чи райса, уыдонӕн дӕнцӕгӕн.


Ӕмӕ нын Йӕхӕдӕг зӕрдӕ бавӕрдта мӕнӕ уымӕй — мыггагмӕйы цардӕй.


Мах зонӕм уый дӕр, ӕмӕ Хуыцауы Фырт ӕрцыд ӕмӕ нын радта зонд, ӕцӕг Чи у, Уый куыд базонӕм, афтӕ. Мах баиу стӕм, ӕцӕг Чи у, Уыимӕ ӕмӕ Йӕ Фырт Йесо Чырыстиимӕ — Уый у ӕцӕг Хуыцау ӕмӕ мыггагмӕйы цард.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan