Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Иоанн 12:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 «Ацы хӕрздӕфгӕнӕн уыди ӕртӕсӕдӕ динарыл ауӕйгӕнӕн ӕмӕ ӕхца мӕгуыртыл байуарӕн».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Иоанн 12:5
16 Iomraidhean Croise  

Мах паддзахы раз хӕсджын кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ, исчи паддзахӕн зиан ӕрхӕсса, уымӕ кӕсын нӕ бон нӕу, ӕмӕ йын, хабар куыд у, уый хъусын кӕнӕм.


Фӕлӕ сын уый афтӕ: «Зивӕг уыл бахӕцыд, зивӕг, ӕмӕ уымӕн дзурут, цом ӕмӕ Дунедарӕгӕн нывонд ӕрхӕссӕм, зӕгъгӕ.


Амайӕн дуртӕ та дарддӕр дӕр, ныронг цас кодтой, уый бӕрц кӕнӕнт. Ма сын фӕкъаддӕр кӕнут сӕ куыст. Науӕд сыл зивӕг бахӕцыд ӕмӕ хъӕр самадтой, цом ӕмӕ нӕ Хуыцауӕн нывонд ӕрхӕссӕм, зӕгъгӕ.


Сымах дзурут: «Мӕйноджы бӕрӕгбон куы фӕуа, уӕд та хор уӕй кӕндзыстӕм, сабаты фӕстӕ байгом кӕндзыстӕм нӕ хордӕттӕ. Ефӕйы уӕз та фӕкъаддӕр кӕндзыстӕм, шекелы аргъ фӕфылдӕр кӕндзыстӕм, раст чи нӕ бары, ахӕм барӕнтӕй адӕмы фӕливдзыстӕм.


Цагъар та уырдыгӕй рацыд ӕмӕ фӕндагыл сӕмбӕлд, фондзыссӕдз динары дзы чи дардта, йӕ уыцы ӕмбалы. Ӕрцахста йӕ, ныххӕцыд ын йӕ хурхыл ӕмӕ загъта: „Цы мӕ дарыс, уый мын бафид“.


Уый кусджытимӕ бафидыдта бон фӕйнӕ динарыл, ӕмӕ сӕ арвыста йӕ сӕндонмӕ.


Ауӕй кӕнут уӕ мулк ӕмӕ мӕгуыртӕн феххуыс кӕнут. Уӕхицӕн, хӕррӕгъ чи нӕ кӕны, ахӕм ӕвӕрӕндӕттӕ саразут; ӕрӕмбырд кӕнут ӕнӕихсигӕ хӕзнатӕ уӕлӕрвты — уырдӕм сӕм хуыснӕг нӕ баирвӕздзӕн ӕмӕ сӕ рӕмпӕг нӕ бахӕрдзӕн.


Йесо уый куы фехъуыста, уӕд ын зӕгъы: «Иу хъуыддаг ма дын нӕ фаг кӕны: цыдӕриддӕр дӕм ис, уый ауӕй кӕн ӕмӕ де ’хца мӕгуыртыл байуар, ӕмӕ дын уӕд уӕлӕрвты уыдзӕни хӕзна. Стӕй-иу раздӕх ӕмӕ цу Мӕ фӕдыл».


Де ’фсымӕры цӕсты ӕрду куы уыныс, уӕд дӕхи цӕсты къала бӕлас цӕуылнӕ фиппайыс?


Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕй иу, фӕстӕдӕр Ыл гадзрахатӕй чи рацыди, уый, Иудӕ Искариот, загъта:


Иудӕ афтӕ, мӕгуыртыл кӕй тыхсти, уый тыххӕй нӕ загъта, фӕлӕ, давӕг кӕй уыд, уымӕн: ӕхцайы лагъз уымӕ уыди, ӕмӕ-иу дзы цы нывӕрдтой, уымӕй-иу фелвӕста йӕхицӕн.


Ӕхцайы лагъз Иудӕмӕ кӕй уыди, уымӕ гӕсгӕ иуӕй-иутӕ ӕнхъӕлдтой, ӕмӕ йын Йесо, бӕрӕгбонмӕ сӕ цы хъӕуы, уый ӕлхӕнын кӕнӕ та мӕгуыртӕн исты раттын кӕны.


Филипп Ын дзуапп радта: «Цӕмӕй сӕ фӕйнӕ къӕбӕры фӕуа, уый тыххӕй дыууӕсӕдӕ динары аргъ дӕр кӕрдзын не сфаг уыдзӕн».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan