Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Иоанн 12:48 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

48 Мӕныл йӕхи чи тигъ кӕны ӕмӕ Мӕ ныхӕстыл чи не ’ууӕнды, уымӕн ис тӕрхонгӕнӕг: Мӕ ныхас ын тӕрхон кӕндзӕни фӕстаг бон.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Иоанн 12:48
36 Iomraidhean Croise  

Адӕм Ӕй ницӕмӕ ӕрдардтой, сӕ чъылдым Ӕм раздӕхтой. Рис ӕмӕ Йыл низтӕ сӕ фӕд ныууагътой. Уӕдӕ Йыл мах дӕр былысчъилтӕ кодтам ӕмӕ Йӕм не ’ргом не раздӕхтам, мисхалы бӕрц дӕр Ын нӕ аргъ кодтам.


Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: Тӕрхоны бон Содом ӕмӕ Гоморрӕйӕн уыцы сахарӕй ӕнцондӕр уыдзӕн.


Йесо сын загъта: «Ау, никуы бакастыстут Сыгъдӕг Фысты: „Аразджытӕ цы дурыл нӕ барвӕссыдысты, уый сси фисыны сӕйраг дур. Уый Хуыцау сарӕзта, ӕмӕ уыцы диссаг мах нӕ цӕстӕй уынӕм“?


«Адӕймаджы Фырт ӕппӕт зӕдтимӕ Йӕ кадимӕ куы ’рцӕуа, уӕд сбаддзӕнис Йӕ кадджын бынаты.


Ау, Сыгъдӕг Фысты нӕ бакастыстут, ӕви: „Аразджытӕ цы дурыл нӕ барвӕссыдысты, уый сси фисыны сӕйраг дур.


Чи баууӕнда ӕмӕ аргъуыд чи райса, уый фервӕздзӕн; чи нӕ баууӕнда, уый та тӕрхонгонд ӕрцӕудзӕн.


Ӕмӕ сын райдыдта ӕмбарын кӕнын: Адӕймаджы Фырт хъуамӕ бирӕ хъизӕмӕрттӕ бавзара, адӕмы хистӕртӕ, алчертӕ ӕмӕ динамонджытӕй ӕфхӕрд райса, стӕй йӕ амарой ӕмӕ ӕртыккаг бон райгас уа.


Сымахмӕ чи хъусы, уый Мӕнмӕ хъусы. Сымахыл йӕхи чи атигъ кӕны, уый Мӕныл атигъ кӕны. Мӕныл йӕхи чи атигъ кӕны, уый та — Мӕ Рарвитӕгыл».


Фӕлӕ уал раздӕр хъуамӕ бавзара бирӕ хъизӕмӕрттӕ, ӕмӕ Йыл ацы фӕлтӕр йӕхи атигъ кӕна.


Йесо сӕм бакаст ӕмӕ загъта: «Уӕдӕ Сыгъдӕг Фысты мӕнӕ ацы ныхӕстӕ цы амонынц: „Аразджытӕ цы дурыл нӕ барвӕссыдысты, уый сси фисыны сӕйраг дур“?


Фарисейтӕ ӕмӕ динамонджытӕ та Хуыцауы коммӕ нӕ бакастысты ӕмӕ донаргъуыд нӕ райстой.


Загъта ма сын: «Адӕймаджы Фырт бавзардзӕни бирӕ хъизӕмӕрттӕ; адӕмы хистӕртӕ, сауджынтӕ ӕмӕ Йӕ динамонджытӕ бафхӕрдзысты, мард ӕрцӕудзӕн ӕмӕ ӕртыккаг бон райгас уыдзӕни».


Мӕн ӕмӕ Мӕ ныхӕстӕ йӕхицӕн ӕгадыл чи банымайа, уый Адӕймаджы Фырт дӕр Йӕхицӕн банымайдзӕн ӕгадыл, Йӕхи, Йӕ Фыды ӕмӕ сыгъдӕг зӕдты кадимӕ куы ’рцӕуа, уӕд.


Марфӕ Йын дзуапп радта: «Зонын ӕй, фӕстаг бон, Мӕрдты райгасы бон, кӕй райгас уыдзӕни, уый».


Афтӕ ма банхъӕлут, ӕмӕ уӕ Ӕз Мӕ Фыды раз зылын кӕндзынӕн. Моисей, ныфсджын кӕмӕй стут, уый — уӕ зылынгӕнӕг.


Мӕ Рарвитӕджы та фӕнды, цӕмӕй Мын кӕй радта, уыдонӕй Ӕз иуы дӕр ма фесафон, фӕлӕ се ’ппӕты дӕр райгас кӕнон Фӕстаг бон.


Хуыцауӕй чи у, уый Хуыцауы ныхӕстӕм хъусы, фӕлӕ сымах Хуыцауӕй не стут ӕмӕ Йын Йӕ ныхӕстӕм нӕ хъусут».


Уымӕн ӕмӕ снысан кодта, Кӕй сӕвзӕрста, уыцы Адӕймаджы фӕрцы „дунейӕн ӕнӕхӕрам тӕрхон рахӕссыны бон“. Афтӕ кӕй уыдзӕн, уый алкӕмӕн дӕр равдыста, мӕрдтӕй Йӕ кӕй райгас кодта, уымӕй».


Уыцы Пехуымпармӕ чи нӕ байхъуса, уый йӕ адӕмы ’хсӕнӕй хъодыгонд ӕрцӕудзӕн“.


Ӕппӕт уыдӕттӕ рабӕрӕг уыдзысты, Йесо Чырыстийы фӕрцы Хуыцау адӕмы сусӕг хъуыдытӕн ӕмӕ хъуыддӕгтӕн тӕрхон куы кӕна, уӕд. Афтӕ зӕгъы, ӕз цы Фарны Уац хъусын кӕнын, уый.


Мах кӕй хъусын кӕнӕм, уыцы Фарны Уац кӕд искӕмӕн нӕу ӕргом, уӕд — сӕфты къахыл лӕуджытӕн.


Йӕ маст райсдзӕни, Хуыцауы чи нӕ зоны ӕмӕ нӕ Бардарӕг Йесойы Фарны Уацы коммӕ чи нӕ кӕсы, уыдонӕй.


Иуӕй-иутӕ куыд сахуыр сты, уыйау мах ма уадзӕм не ’мбырд, фӕлӕ ныфс дӕттӕм кӕрӕдзийӕн, уӕлдайдӕр, Бардарӕджы ӕрцыды бон ӕрӕввахс кӕны, уый кӕй уынӕм, уый тыххӕй.


Уӕдӕ кӕсут, дзургӕ Чи кӕны, Уымӕ ӕнӕ байхъусгӕ ма фӕут. Зӕххыл Чи дзырдта, Уымӕ цы адӕм нӕ байхъуыстой, кӕд уыдон ӕнӕфхӕрдӕй нӕ аирвӕзтысты, уӕд махӕн та ӕнӕфхӕрдӕй баззайӕн уӕвгӕ дӕр нӕй, уӕлӕрвтӕй Чи дзуры, Уымӕй не ’ргом куы аздахӕм, уӕд.


уӕд мах куыд баззайдзыстӕм ӕнӕфхӕрдӕй, уыцы стыр ирвӕзындзинад куы ницӕмӕ дарӕм, уӕд? Ирвӕзындзинады кой фыццаг Дунедарӕгӕй рацыди, уый фӕстӕ та, Уымӕй йӕ чи фехъуыста, уыдон ӕй махӕн бӕлвырд радзырдтой.


Уымӕн ӕмӕ Хуыцауы ныхас цардӕгас ӕмӕ хъомысджын у, цавӕрфӕнды дыкомыг ӕхсаргардӕй цыргъдӕр: уый бахизы, уд ӕмӕ моны астӕу цы арӕн ис, уымӕ, стджыты магъз ӕмӕ ӕрхӕджытӕм бахӕццӕ вӕййы, тӕрхон кӕны сусӕг фӕндтӕ ӕмӕ хъуыдытӕн.


Уырнындзинад уӕм кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ Хуыцау сымах Йӕ хъаруйӕ хъахъхъӕны, цалынмӕ уӕ фервӕзын кӕна, уӕдмӕ. Уыцы ирвӕзындзинад цӕттӕ у, ӕмӕ йӕ Хуыцау раргом кӕндзӕни рӕстӕджы кӕрон.


Фыццаджыдӕр зонут, рӕстӕджы кӕрон кӕй фӕзындзысты, сӕ чъизи монцты дӕлбар чи уыдзӕн, ахӕм фауджытӕ. Уыдон уыл худдзысты:


Ныртӕккӕйы арв ӕмӕ зӕхх та уыцы ныхасӕй хъахъхъӕд цӕуынц артӕн — Тӕрхоны бон бабын уыдзысты уыдон дӕр ӕмӕ ӕппӕт ӕнӕхуыцӕуттӕ дӕр.


Сымах та абон уӕхи атигъ кодтат уӕ Хуыцауыл, кӕд ӕмӕ уӕ Уый уе ’ппӕт фыдбылызтӕ ӕмӕ хъизӕмӕрттӕй ирвӕзын кӕны, уӕддӕр ӕмӕ Йын загътат: „Сӕвӕр нын паддзах нӕ сӕргъы“. Гъемӕ ныр Дунедарӕджы раз ӕрлӕуут хӕдзарвӕндаггай, мыггаггай».


Дунедарӕг загъта Самуелӕн: «Ратт адӕмӕн, цыдӕриддӕр дӕ курынц, уый: уыдон дӕуыл нӕ, фӕлӕ Мӕныл атигъ кодтой сӕхи, цӕмӕй сын Ӕз мауал кӕнон паддзахиуӕг.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan