Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Иоанн 12:40 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

40 «Уый сын бакуырм кодта сӕ цӕстытӕ, сӕхгӕдта сын сӕ зӕрдӕтӕ, цӕмӕй цӕстӕй ма феной, зӕрдӕйӕ ма бамбарой, ма раздӕхой Мӕнмӕ ӕмӕ сӕ Ӕз ма сдзӕбӕх кӕнон».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Иоанн 12:40
44 Iomraidhean Croise  

Дунедарӕг сӕ бафарста: „Ахавы уӕ чи самидин кӕндзӕн галаадаг Рамотмӕ бабырсын, цӕмӕй уым йӕ мӕлӕт ссара?“ Ӕмӕ сӕ иумӕ иу уынаффӕ уыд, иннӕмӕ та — ӕндӕр.


Дӕ арӕнтыл дын фарн тауы, ӕвзаргӕ мӕнӕуӕй дӕ ӕфсады.


Мӕ цӕссыгтӕй ӕхсӕвӕй-бонӕй цӕхсын мӕхи, ӕрвылбон хъусын: «Кӕм ис дӕ Хуыцау?»


Курын Дӕ, о Дунедарӕг, Дӕ маст куы судза, уӕд мыл Дӕ азар ма ныххуырс! Фыр мӕстӕй цӕхӕртӕ куы калай, уӕд-иу мӕ ма бафхӕр карзӕй!


Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Бацу фараонмӕ. Мӕ фӕндӕй фараон ӕмӕ йӕ дӕлдӕрты зӕрдӕтӕ ныддур сты. Ӕз сын афтӕ уымӕн бакодтон, цӕмӕй сыл Мӕ диссӕгтӕ бавзарон.


Бирӕ диссӕгтӕ фенын кодтой фараонӕн Моисей ӕмӕ Аарон, фӕлӕ Дунедарӕджы фӕндӕй уый уӕддӕр нӕ састи ӕмӕ нӕ уагъта израилӕгты Мысырӕй.


Мысырӕгтӕ Мӕ фӕндӕй уӕддӕр сӕ хиваст зонд нӕ ныууадздзысты ӕмӕ уӕ фӕдыл агуылф кӕндзысты. Уыйадыл фараоны Мӕ азар баййафдзӕн — ӕд ӕфсад, ӕд тохуӕрдӕттӕ, ӕд бӕхджынтӕ.


Ӕз хиваст хъуыды бауадздзынӕн фараоны сӕры, уый уӕ фӕсте асурдзӕн, ӕмӕ йын уӕд Ӕз йӕхицӕн дӕр ӕмӕ йе ’фсадӕн дӕр фенын кӕндзынӕн! Базондзысты мысырӕгтӕ, Дунедарӕг Чи у, уый!» Израилӕгтӕ, Дунедарӕг сын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ бакодтой.


Дунедарӕг бакодта афтӕ, ӕмӕ Мысыры паддзах хивастӕй израилӕгты фӕсте расырдта, уыдон та ӕдӕрсгӕ цыдысты сӕ фӕндагыл.


Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Мысырмӕ куы баздӕхай, уӕд-иу, хъусыс, диссӕгтӕ саразыны тыххӕй дын цы хъару радтон, уый фараоны раз равдис. Ӕз та йын йӕ зӕрдӕ ныддур кӕндзынӕн, ӕмӕ адӕмы нӕ рауадздзӕн.


Уӕддӕр фараон нӕ басаст ӕмӕ нӕ байхъуыста Моисей ӕмӕ Ааронмӕ, Дунедарӕг куыд дзырдта, афтӕ.


Ӕз фараоны зӕрдӕ афтӕ ныддур кӕндзынӕн, ӕмӕ, Мысыры зӕххыл цасфӕнды диссӕгтӕ ӕмӕ ӕвдисӕйнӕгтӕ куы равдисон,


Фӕлӕ Дунедарӕджы фӕндӕй ныддур ис фараоны зӕрдӕ, ӕмӕ та уӕддӕр нӕ байхъуыста Моисей ӕмӕ Ааронмӕ, Дунедарӕг куыд дзырдта, афтӕ.


О Дунедарӕг! Ды Дӕ къух бӕрзонд систай, фӕлӕ йӕ уыдон нӕ уынынц. Дӕ адӕмы сӕрыл куыд хӕцыс, уый куы феной, уӕд фӕхудинаг уыдзысты; цы арттӕрхон сӕм кӕсы, уый аныхъуырдзӕн Де знӕгты.


Дунедарӕг уыл тарф фынӕй бафтыдта, уӕ цӕстытӕ уын сӕхгӕдта, пехуымпартӕ, уӕ сӕртӕ уын батыхта, зонынджынтӕ.


Уӕззау цӕфтӕ йыл ӕруади нӕ фыдракӕндты тыххӕй, сау хъизӕмар бавзӕрста нӕ азымы тыххӕй. Нӕ фарны сӕраппонд баййӕфта ӕфхӕрд, фӕлӕ мах Йӕ хъӕдгӕмтты фӕрцы сдзӕбӕх стӕм.


Уыцы адӕмӕн сӕ зонд баталынг кӕн, бакъуырма, бакуырм сӕ кӕн, цӕмӕй цӕстӕй мауал уыной, хъусӕй ма фехъусой ӕмӕ зондӕй ма бамбарой, цӕмӕй сӕ галиу фӕндаг ма ныууадзой ӕмӕ ма сдзӕбӕх уой».


Уӕд Уый загъта: «Ацу ӕмӕ уыцы адӕмӕн афтӕ зӕгъ: „Хъусут ӕмӕ хъусут, фӕлӕ ма бамбарут! Кӕсут ӕмӕ кӕсут, фӕлӕ ма фенут!“


«Раздӕхут Мӕм, гадзрахатӕй рацӕуӕг цот! Ӕз уын уӕ хивӕнд зӕрдӕтӕ сдзӕбӕх кӕндзынӕн». «Мӕнӕ Дӕм фӕцӕуӕм, уымӕн ӕмӕ Ды Дунедарӕг дӕ, нӕ Хуыцау!


Байхъусут, ӕдылы ӕмӕ ӕнӕзонд адӕм, цӕстытӕ кӕмӕн ис, фӕлӕ уынгӕ чи нӕ кӕны, хъустӕ кӕмӕн ис, фӕлӕ къуырма чи у!


«Адӕймаджы фырт! Ды цӕрыс хиваст адӕмы ’хсӕн. Ис сын цӕстытӕ уынынӕн, фӕлӕ нӕ уынынц, ис сын хъустӕ дӕр хъусынӕн, фӕлӕ нӕ хъусынц — хивӕнд адӕм сты.


Пехуымпар сайды куы фӕуа, ӕмӕ йын цыма Ӕз, Дунедарӕг, афтӕ бацамыдтон, уыйау уыцы адӕймагӕн исты куы зӕгъа, уӕд пехуымпармӕ дӕр Мӕ къух сисдзынӕн, Мӕ адӕмы, Израилы ’хсӕнӕй йӕ фесафдзынӕн.


Ассири мах нӕ фервӕзын кӕндзӕни, нал сбаддзыстӕм бӕхтыл ӕмӕ, нӕхи къухӕй кӕй сарӕзтам, уыдоны нӕ хуыцӕуттӕ нал схондзыстӕм. Сидзӕртӕ Дӕ хорзӕхӕй схайджын вӕййынц».


Хъизӕмар куы кӕной, уӕд Мӕ сӕумӕйӕ агурдзысты: «Цомут, Дунедарӕгмӕ раздӕхӕм — Уый ныл низ бафтыдта, ӕмӕ нӕ Уый Йӕхӕдӕг сӕнӕниз скӕндзӕни, Уый нӕ ӕрцавта, ӕмӕ нын нӕ хъӕдгӕмттӕм дӕр Уый базилдзӕн.


Ныууадзут сӕ, уыдон сты куырмыты куырм фӕтӕгтӕ. Ӕмӕ куырм куырмы куы хона, уӕд дыууӕйӕ дӕр дзыхъхъы ныххаудзысты».


уымӕн ӕмӕ „сӕ цӕстӕй кӕсынц, фӕлӕ нӕ уынынц, хъусӕй хъусынц, фӕлӕ не ’мбарынц. Хуыцаумӕ се ’ргом куы раздахиккой, уӕд сын барст ӕрцӕуиккой сӕ тӕригъӕдтӕ“».


уымӕн ӕмӕ дзулты диссаг дӕр нӕ бамбӕрстой — сӕ зӕрдӕтӕ ныддур сты.


«Мӕныл ис Дунедарӕджы Уд, уымӕн ӕмӕ Мӕ Хуыцау байсӕрста мӕгуыртӕн Фарны Уац фехъусын кӕнынмӕ: уацайрӕгтӕ кӕй ссӕрибар уыдзысты, куырмытӕ кӕй ракӕсдзысты сӕ цӕстӕй, ӕфхӕрд адӕм сӕ хъизӕмарӕй кӕй фервӕздзысты ӕмӕ


Йесо сын загъта: «Сымахӕн Хуыцауӕй лӕвӕрд у Хуыцауы Паддзахады сусӕгдзинӕдтӕ зонын, фӕлӕ иннӕтӕн уыцы фӕсномыг ныхӕсты баззадысты ӕмбӕхстӕй, уымӕн ӕмӕ „уыдон цӕстӕй кӕсынц, фӕлӕ нӕ уынынц, хъусӕй хъусынц, фӕлӕ не ’мбарынц“.


Исайа ма загъта, сӕ бон баууӕндын цӕуылнӕ уыд, уый дӕр:


Йесо йын загъта: «Ӕз ацы дунемӕ тӕрхон кӕнынмӕ ӕрцыдтӕн, цӕмӕй куырмытӕ цӕстӕй ракӕсой, цӕстджынтӕ та бакуырм уой».


Аргъуан сӕ фӕндагмӕ срӕвдз кодта, ӕмӕ ацыдысты Финики ӕмӕ Самарийыл. Сӕ фӕндагыл дзырдтой, муртаттӕгтӕ кӕй здӕхынц Хуыцаумӕ, ӕмӕ уымӕй ӕппӕт ӕфсымӕртӕн дӕр хастой стыр цин.


„Ацу уыцы адӕммӕ ӕмӕ сын зӕгъ: Хъусӕй хъусдзыстут, фӕлӕ нӕ бамбардзыстут, цӕстӕй кӕсдзыстут, фӕлӕ нӕ фендзыстут.


Уӕдӕ ӕрфӕсмон кӕнут, раздӕхут Хуыцаумӕ, цӕмӕй уын барст ӕрцӕуой уӕ тӕригъӕдтӕ.


Уӕдӕ афтӕ: кӕмӕн Ӕй фӕнды, уымӕн ратты хорзӕх ӕмӕ схивӕнд кӕны, кӕй Йӕ бафӕнды, уыдоны.


Фӕлӕ уын абоны онг Дунедарӕг нӕдӕр зонд радта, цӕмӕй ӕмбарат, нӕдӕр — цӕстытӕ, цӕмӕй уынат, нӕдӕр — хъустӕ, цӕмӕй хъусат.


Уымӕн ӕмӕ уыцы адӕмты зӕрдӕйы Дунедарӕджы фӕндӕй сабухта хиваст туг ӕмӕ схӕцыдысты Израилы ныхмӕ, цӕмӕй сӕ израилӕгтӕ Дунедарӕджы номыл ӕгъатырӕй ныццӕгъдой. Дунедарӕг афтӕ фӕдзӕхста Моисейӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan