Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Иоанн 12:38 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

38 уымӕн ӕмӕ пехуымпар Исайайы ныхӕстӕн ӕнӕ ӕрцӕугӕ нӕ уыд. Уый загъта: «Дунедарӕг, махӕй цы фехъуыстой, ууыл чи баууӕндыд, ӕмӕ кӕмӕн раргом ис Дунедарӕджы хъару?»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Иоанн 12:38
24 Iomraidhean Croise  

Фӕлӕ паддзах Езекиа ӕмӕ пехуымпар Исайа, Амоцы фырт, ӕххуысагур сдзынӕзтой уӕларвмӕ,


Ды дӕ ӕппӕт адӕмӕй хуыздӕр, Дӕ дзыхӕй фарн кӕлы, — Хуыцау Дын арфӕ ракодта ӕнусмӕ.


Мӕ рӕстдзинад ӕрӕввахс ис. Ме ’ххуыс уӕм фӕхӕццӕ кӕны. Мӕ хъомыс адӕмтӕн уыдзӕни фидауынгӕнӕг. Денджызгӕрон сахартӕ Мыл сӕхи бафӕдзӕхсдзысты, Мӕ хъомысӕй уыдзысты ныфсджын.


Раст-ма, раст, Дунедарӕг! Равдис Дӕ хъомыс! Раст-ма, рагзаманты-иу куыд растадтӕ, афтӕ! Ды акъӕртт кодтай Рагавы. Скъуыхтӕ кодтай залымы.


Махӕй цы фехъуыстой, ууыл чи баууӕндыд ӕмӕ кӕмӕн раргом ис Дунедарӕджы хъару?


Дыдзӕсгӕмттӕ! Сымах тыххӕй пехуымпар Исайа хорз загъта:


Уӕд ын Йесо загъта: «Тӕхудиаг дӕ, Ионӕйы фырт Симон, уымӕн ӕмӕ дын уый адӕймаг нӕ раргом кодта, фӕлӕ Мӕ Уӕларвон Фыд.


Дзуарыл Ӕй чи байтыгъта, уыдон Ын Йӕ дарӕстыл хӕлттӕ сӕппӕрстой ӕмӕ сӕ се ’хсӕн байуӕрстой.


Йесо сӕ разы уый бӕрц диссӕгтӕ равдыста, фӕлӕ Йыл уӕддӕр не ’ууӕндыдысты,


Исайа ма загъта, сӕ бон баууӕндын цӕуылнӕ уыд, уый дӕр:


Фӕлӕ афтӕмӕй хъуамӕ сӕххӕст уа, се ’Гъдауы цы фыст ис, уый: „Дзӕгъӕлы Мӕ уынынц се сӕфт“.


Ӕз цалынмӕ семӕ уыдтӕн, уӕдмӕ сӕ хъахъхъӕдтон, Ды Мын кӕй радтай, Дӕ уыцы номы хъаруйӕ. Ӕз сӕ бахъахъхъӕдтон, ӕмӕ дзы ничи фесӕфти, мӕлӕтӕн гуырды йеддӕмӕ, цӕмӕй сӕххӕст уа, Сыгъдӕг Фыст цы зӕгъы, уый.


Ӕмӕ кӕрӕдзийӕн загътой: «Скъуынгӕ йӕ ма акӕнӕм, фӕлӕ хӕлттӕ сӕппарӕм, кӕддӕра нӕ кӕмӕ ӕрхауид». Уымӕн ӕмӕ хъуамӕ сӕххӕст уыдаид, Сыгъдӕг Фыст цы зӕгъы, уый: «Се ’хсӕн Мын байуӕрстой Мӕ дарӕс ӕмӕ Мын Мӕ уӕлӕдарӕсыл хӕлттӕ сӕппӕрстой». Ӕфсӕддонтӕ ӕцӕгдӕр афтӕ бакодтой.


Фӕлӕ се ’ппӕт Фарны Уацыл нӕ баууӕндыдысты. Уый тыххӕй Исайа зӕгъы: «Дунедарӕг, махӕй цы фехъуыстой, ууыл чи баууӕндыд?»


Исайа та ныфсджындӕрӕй зӕгъы: «Чи Мӕ нӕ агуырдта, уыдон Мӕ ссардтой; Ӕз раргом дӕн, чи Мӕм нӕ тырныдта, уыдонмӕ».


Иудейӕгтӕ ӕмӕ бердзенӕгтӕй Хуыцау кӕмӕ фӕсидти, уыдонӕн та Чырысти Хуыцауы тых ӕмӕ Хуыцауы зонд у.


мӕнӕн Йӕ Фырты раргом кӕнын, Йӕ Фарны Уац муртаттӕгтӕм цӕмӕй хӕссон, уӕд адӕмӕй никӕимӕ уынаффӕ кодтон.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan