Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Иоанн 12:37 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

37 Йесо сӕ разы уый бӕрц диссӕгтӕ равдыста, фӕлӕ Йыл уӕддӕр не ’ууӕндыдысты,

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Иоанн 12:37
9 Iomraidhean Croise  

Уый фӕстӕ Йесо уайдзӕф кӕнын райдыдта, фылдӕр диссӕгтӕ кӕм равдыста, фӕлӕ уӕддӕр чи не ’рфӕсмон кодта, уыцы сахартӕн:


Авраам ын дзуапп радта: „Моисей ӕмӕ пехуымпартӕм кӕм нӕ хъусынц, уым, мӕрдтӕй исчи райгас уа, ууыл дӕр нӕ баууӕнддзысты“».


Ӕрцыд йӕхионтӕм, ӕмӕ Йӕ йӕхионтӕ нӕ айстой.


Ды Мӕ кӕддӕриддӕр кӕй фехъусдзынӕ, уый Ӕз зыдтон, фӕлӕ афтӕ, ам цы адӕм ис, уыдоны тыххӕй загътон — цӕмӕй баууӕндой, Ды Мӕ кӕй рарвыстай, ууыл».


Цалынмӕ рухс уемӕ ис, уӕдмӕ ӕууӕндут рухсыл, цӕмӕй суат рухсы хъӕбултӕ». Уыцы ныхӕсты фӕстӕ Йесо ацыд ӕмӕ фӕаууон ис.


уымӕн ӕмӕ пехуымпар Исайайы ныхӕстӕн ӕнӕ ӕрцӕугӕ нӕ уыд. Уый загъта: «Дунедарӕг, махӕй цы фехъуыстой, ууыл чи баууӕндыд, ӕмӕ кӕмӕн раргом ис Дунедарӕджы хъару?»


Ӕз се ’хсӕн, ӕндӕр искӕмӕн йӕ бон саразын кӕй нӕ уыд, ахӕм хъуыддӕгтӕ куынӕ скодтаин, уӕд тӕригъӕды тыххӕй азымджын нӕ уаиккой. Ныр та сӕ федтой, уӕддӕр Мӕнӕй ӕмӕ Мӕ Фыдӕй се сӕфт уынынц.


Йесо галилейаг Канӕйы цы бакодта, уый уыди Йӕ диссӕгты райдайӕн, уымӕй равдыста Йӕ кады хъомыс, ӕмӕ Йыл Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ баууӕндыдысты.


Йӕ фӕдыл ацыди бирӕ адӕм, уымӕн ӕмӕ уыдтой, рынчынты дзӕбӕх кӕнгӕйӕ цы диссӕгтӕ арӕзта, уый.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan