Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Иоанн 12:35 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

35 Уӕд сын Йесо загъта: «Иу цасдӕр рӕстӕг ма уыдзӕни рухс уемӕ. Цалынмӕ рухс ис, уӕдмӕ цӕут, цӕмӕй уӕ талынг ма бамбӕрза, уымӕн ӕмӕ талынджы цӕуӕгмӕ йӕ развӕд нӕ зыны.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Иоанн 12:35
27 Iomraidhean Croise  

ӕнӕхуыцӕутты фӕндаг — саудалынджы ’нгӕс, цӕуыл фӕкӕлдзысты, уый нӕ зонынц.


Йаковы хӕдзарвӕндаг! Ӕрбацӕут, ӕмӕ Дунедарӕджы рухсы цӕрӕм!


Уымӕ гӕсгӕ сӕ фӕндаг талынг ӕмӕ бырынцъаг суыдзӕн; фесхойдзысты сӕ, ӕмӕ зӕхмӕ ахаудзысты, уымӕн ӕмӕ, сӕ тӕрхоны аз куы ралӕууа, уӕд сын фыдбылыз бавзарын кӕндзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг. —


Загътой йын: «Назаретаг Йесо ӕрбацӕуы».


Ӕхсӕвыгон чи цӕуы, уый та фӕкӕлы, уымӕн ӕмӕ дунейы рухс нӕ уыны».


Йесо сын дзуапп радта: «Боны дыууадӕс сахаты нӕй? Боныгон чи цӕуы, уый нӕ кӕлы, уымӕн ӕмӕ уыны ацы дунейы рухс.


Цалынмӕ рухс уемӕ ис, уӕдмӕ ӕууӕндут рухсыл, цӕмӕй суат рухсы хъӕбултӕ». Уыцы ныхӕсты фӕстӕ Йесо ацыд ӕмӕ фӕаууон ис.


Ӕз дӕн рухс ӕмӕ ӕрцыдтӕн дунемӕ, чидӕриддӕр Мыл ӕууӕнды, уыдон талынджы куыннӕуал уой, афтӕ.


Рӕхджы Мӕ нал фендзыстут, фӕлӕ та Мӕ чысыл фӕстӕдӕр ногӕй фендзыстут».


Йесо загъта: «Ӕз бирӕ нал уыдзынӕн уемӕ — Мӕ Рарвитӕгмӕ ацӕудзынӕн.


Йесо дарддӕр адӕмӕн дзырдта: «Ӕз дунейӕн рухс дӕн. Мӕ фӕдыл чи рацӕуа, уый талынджы нӕ цӕудзӕни, фӕлӕ схайджын уыдзӕн царды рухсӕй».


Нырма дӕр сӕ зонд куырм у. Рагон Фӕдзӕхст куы фӕкӕсынц, уӕд ыл уыцы ӕмбӕрзӕн тыгъд у, уымӕн ӕмӕ йӕ Чырысти хъуамӕ сиса.


Ӕмӕ, цалынмӕ рӕстӕг ис, уӕдмӕ цӕй ӕмӕ алкӕмӕн дӕр цӕуӕм хорзы, уӕлдайдӕр та, уырнындзинад мах иу бинонтӕ кӕимӕ скодта, уыдонӕн.


Сымах кӕддӕр талынджы уыдыстут, ныр та Бардарӕгимӕ рухсы стут. Уӕдӕ цӕрут рухсы хъӕбултау,


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan