Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Иоанн 12:34 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

34 Адӕм Ын дзуапп радтой: «Ӕгъдауы куыд фыст ис, уымӕй мах зонӕм, Чырысти мыггагмӕ кӕй цӕрдзӕнис, уый. Уӕд Ды куыд зӕгъыс, Адӕймаджы Фырты хъуамӕ уӕлӕмӕ систӕуа, зӕгъгӕ? Чи у уыцы Адӕймаджы Фырт?»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Иоанн 12:34
26 Iomraidhean Croise  

Мӕ номыл хӕдзар уый сараздзӕн, ӕмӕ йын Ӕз йӕ паддзахы бадӕн ӕмӕ йӕ паддзахад сфидар кӕндзынӕн ӕнустӕм.


Йӕ диссӕгтӕн ферохгӕнӕн нӕй, фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ рӕдау у Дунедарӕг.


Фырнӕрдӕй сӕ цӕстытӕ аныгъуылдысты фиуы, сӕ зӕрдӕтӕ — чъизи монцтӕй йедзаг.


Ӕрцахстой Йӕ ӕмӕ Йын раст тӕрхон нӕ рахастой. Айстой Йын Йӕ цард, Йӕ адӕмы фыдракӕндты тыххӕй Йӕ амардтой. О, фӕлӕ адӕмӕй Йӕ хъысмӕт кӕй ӕндӕвта?


Паддзах Давиды бадӕны ӕрбаддзӕн, Йӕ паддзахы бартӕ уыдзысты ӕгӕрон ӕмӕ зӕххыл расиддзӕни фидыд. Давиды паддзахад мыггагмӕ ӕрфидар кӕндзӕни, раст тӕрхон хӕсгӕйӕ. Уӕларвӕфсады Бардарӕг Ыл ауддзӕн.


Ацы паддзахӕдты заман Уӕларвон Хуыцау сырӕзын кӕндзӕн мыггагмӕйы паддзахад. Уыцы паддзахадыл ӕндӕр адӕмтӕ никуы фӕуӕлахиз уыдзысты, никуы фесӕфдзӕн. Йӕ размӕ цы паддзахӕдтӕ уыди, уыдоны ныззыгуым кӕндзӕн, йӕхӕдӕг та лӕудзӕнис ӕнусмӕ.


Ӕмӕ йын лӕвӕрд ӕрцыдысты хицаудзинад, кад ӕмӕ паддзахад. Ӕппӕт адӕмтӕ, адӕмыхӕттытӕ ӕмӕ алы ’взӕгтыл дзурджытӕ ӕрзоныг кодтой Йӕ разы. Йӕ хицаудзинад ӕнусон у, ӕмӕ Йӕ паддзахад сӕфтмӕ никуы ӕрцӕудзӕн.


Ӕппӕт зӕххон паддзахӕдты бартӕ, сӕ кад ӕмӕ сӕ хъӕздыгдзинад лӕвӕрд ӕрцӕудзысты сыгъдӕджытӕн, Иууылбӕрзонды адӕмӕн. Йӕ паддзахад у ӕнусон, ӕппӕт барджын хицӕуттӕ Йын лӕггад кӕндзысты ӕмӕ Йӕм хъусдзысты“.


Ӕз сӕвзардзынӕн къуылыхты ӕмӕ сӕ фервӕзын кӕндзынӕн, дард рӕтты кӕй ныххӕлиу кодтон, уыдонӕй скӕндзынӕн тыхджын адӕм, ӕмӕ сын Дунедарӕг уӕдӕй фӕстӕмӕ ӕмӕ мыггагмӕ паддзахиуӕг кӕндзӕни Сионы хохыл.


Филиппы бӕстӕм, Кесаримӕ, куы ӕрцыди Йесо, уӕд Йӕ ахуыргӕнинӕгты бафарста: «Кӕуыл нымайынц адӕм Мӕн, Адӕймаджы Фырты, Чи, дам, дӕн?»


Йесо Йерусалиммӕ куы бахӕццӕ ис, уӕд ӕгас сахар дӕр базмӕлыд, иууылдӕр кӕрӕдзийы фарстой: «Уый чи у?»


Йесо йын дзуапп радта: «Рувӕстӕн ис хуыккӕмттӕ, уӕларвон мӕргътӕн — ахстӕттӕ. Адӕймаджы Фыртӕн та, Йӕ сӕр кӕм ӕркъул кӕна, уый дӕр нӕй».


Йесо сын загъта: «Уе ’Гъдауы афтӕ фыст нӕй: „Ӕз загътон: сымах хуыцӕуттӕ стут“?


Ӕз зӕххӕй уӕлӕмӕ ист куы ӕрцӕуон, уӕд алкӕй дӕр Мӕхимӕ ӕрхондзынӕн».


Фӕлӕ афтӕмӕй хъуамӕ сӕххӕст уа, се ’Гъдауы цы фыст ис, уый: „Дзӕгъӕлы Мӕ уынынц се сӕфт“.


Уӕд сын Йесо загъта: «Адӕймаджы Фырты уӕлӕмӕ куы сисат, уӕд базондзыстут: уый Ӕз дӕн ӕмӕ Мӕхи номӕй ницы кӕнын, фӕлӕ зӕгъын, Мӕ Фыд Мын цы бацамыдта, уый.


Фӕлӕ мах зонӕм: Ӕгъдау цыдӕриддӕр зӕгъы, уый, йӕ дӕлбар чи ис, уыцы адӕмӕн зӕгъы, цӕмӕй йӕхи сраст кӕнын йӕ бон макӕмӕн уа ӕмӕ ӕгас дуне азымджын уа Хуыцауы раз.


Ӕцӕгӕйдӕр, иу адӕймаджы фыдракӕнд ӕппӕт адӕмӕн карз тӕрхон куыд расайдта, афтӕ иу Адӕймаджы раст хъуыддаг дӕр раст кӕны ӕппӕт адӕмы ӕмӕ сын лӕвар кӕны цард.


Йесо та, мыггагмӕ кӕй цӕры, уымӕ гӕсгӕ мыггагмӕ у Алчер.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan