Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Иоанн 12:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 Уӕд Мариа райста, нард кӕй хонынц, уыцы зайӕгойӕ конд зынаргъ хӕрздӕфгӕнӕны джиранка, байсӕрста дзы Йесойы къӕхтӕ ӕмӕ Йын сӕ йӕ дзыккутӕй ныссӕрфта. Хӕдзар байдзаг ис хӕрздӕфӕй.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Иоанн 12:3
16 Iomraidhean Croise  

Уый у ӕвзаргӕ оливӕйы сойау, Ааронӕн йӕ сӕрӕй йӕ боцъомӕ, боцъойӕ та йӕ дарӕсы кӕрӕттӕм чи тӕдзы.


фӕнды дымгӕ уром кӕнӕ дӕ армы сой нылхъив, фӕнды уый ӕрсабыр кӕныныл архай.


Мӕ уарзон хӕрздӕфгӕнаг миррӕйау ӕрӕнцадис мӕ риуыл.


О, ахон мӕ, мах лидздзыстӕм дӕ фӕдыл! О, паддзах мӕ ӕрбакодта йӕ галуанмӕ! — Зӕрдӕскъӕфт фӕуыдзыстӕм ӕмӕ дыл цин кӕндзыстӕм, дӕ рӕвдыд дын сӕнӕй фылдӕр стаудзыстӕм — аккаг уарзтӕй дӕ уарзынц чызджытӕ!


О мӕ хо, мӕ къайаг! Куыд ӕхсызгон мын у дӕ рӕвдыд, о, цас адджындӕр у сӕнӕй! Дӕ буары хӕрздӕф — дунейы ӕппӕт хӕрздӕфгӕнӕнтӕй хуыздӕр!


хъӕугӕ та ӕрмӕстдӕр иунӕг хъуыддаг кӕны. Мариа равзӕрста хуыздӕр хай, ӕмӕ йын ӕй ничи байсдзӕни».


Ды Мын Мӕ сӕр оливӕйы сойӕ нӕ байсӕрстай, уый та Мын Мӕ къӕхтӕ байсӕрста хӕрздӕфгӕнӕнӕй.


Мариа та уыди, Хицау Йесойы хӕрздӕфгӕнӕнӕй чи байсӕрста ӕмӕ Йын Йӕ къӕхтӕ йӕ дзыккутӕй чи ныссӕрфта, уыцы сылгоймаг. Ӕмӕ ныр йе ’фсымӕр Лазыр уыди рынчын.


Уыцы ныхӕсты фӕстӕ Марфӕ ацыди ӕмӕ аивӕй бамбарын кодта йӕ хо Мариайӕн: «Ахуыргӕнӕг ам ис ӕмӕ дӕм дзуры».


Йесо кӕм уыд, Мариа уырдӕм куы бахӕццӕ ис ӕмӕ Йӕ куы федта, уӕд Ын Йӕ къӕхты бынмӕ ӕрхауди ӕмӕ загъта: «Хицау, Ды ам куы уыдаис, уӕд ме ’фсымӕр нӕ амардаид».


Ӕрцыди Никодим дӕр — кӕддӕр ӕхсӕвыгон Йесомӕ чи ӕрбацыди, уый — ӕмӕ ӕрхаста фондзыссӕдз джиранкайы бӕрц хӕрздӕфгӕнӕнтӕ — смирнӕ ӕмӕ алой иумӕ хӕццӕйӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan