23 Йесо сын дзуапп радта: «Адӕймаджы Фыртӕн ралӕууыд Йӕ кад раргом кӕныны афон.
Сымах фӕрцы Мӕ ныр базондзысты алы адӕмтӕ. Фӕдзурдзыстут, кӕй нӕ зыдтат ӕмӕ уын уӕхи чи нӕ зыдта, уыцы адӕмтӕм, ӕмӕ уӕм цӕудзысты ӕвӕстиатӕй, уымӕн ӕмӕ фендзысты, Ӕз, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, Израилы Стыр Хуыцау, сымах куыд скадджын кодтон, уый».
Уый денджызы сакъадӕхты цӕрджытӕн Ӕз сдӕн сӕ зӕрдӕдарӕн, се ’нхъӕлцау, ӕмӕ дын Таршишы наутӕ дардӕй ӕрбаласынц дӕ фыртты. Ноджы ма ӕрбаласынц ӕвзист, сыгъзӕрин, цӕмӕй Йӕ ном ссарой Дунедарӕгӕн — дӕ Хуыцауӕн, Израилы Стыр Хуыцауӕн, уымӕн ӕмӕ дӕ Уый скадджын кодта.
«Адӕймаджы Фырт ӕппӕт зӕдтимӕ Йӕ кадимӕ куы ’рцӕуа, уӕд сбаддзӕнис Йӕ кадджын бынаты.
Уый фӕстӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм ӕрбаздӕхт ӕмӕ сын загъта: «Ныр дӕр ма фынӕй кӕнут ӕмӕ уӕ фӕллад уадзут? Мӕнӕ ӕрхӕстӕг ис, Адӕймаджы Фырты тӕригъӕдджынты къухмӕ кӕд ратдзысты, уыцы рӕстӕг.
Йӕхӕдӕг иу чысыл ӕддӕдӕр ацыди, ныддӕлгом ис зӕххыл ӕмӕ куывта, цӕмӕй Йӕм разӕй цы тухӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый гӕнӕн ӕмӕ амалӕй ма бавзара:
Ӕртыккаг хатт дӕр та сӕм бацыди ӕмӕ сын загъта: «Ныр дӕр ма фынӕй кӕнут ӕмӕ уӕ фӕллад уадзут? Фаг у, рӕстӕг ӕрцыд: мӕнӕ Адӕймаджы Фырты тӕригъӕдджынты къухмӕ дӕттынц.
Цӕмӕн афтӕ бакодта, уый Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ фыццаг нӕ бамбӕрстой, фӕлӕ Йесойы кад куы раргом ис, уӕд сӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд, Йесойы тыххӕй Сыгъдӕг Фысты афтӕ кӕй загъдӕуыд, уый.
Ныр Мӕ уд стыр катайы бацыд, фӕлӕ Ӕз афтӕ куыд хъуамӕ зӕгъон: „Мӕ Фыд! Фервӕзын Мӕ кӕн ацы тухӕнӕй“, кӕд ӕмӕ Ӕз ацы тухӕны тыххӕй ӕрцыдтӕн?
Ӕрӕввахс ис Куадзӕн. Йесо зыдта, кӕй ралӕууыди ацы дунейӕ Йӕ Фыдмӕ ацӕуыны афон. Уый уарзта ацы дунейы Йӕхионты ӕмӕ Йӕ уарзт равдыста ӕххӕстӕй.
Йесо афтӕ Сыгъдӕг Уды, — чи Йыл ӕууӕнды, уыдон Кӕмӕй хъуамӕ схайджын уыдаиккой, — Уый тыххӕй загъта. Уӕд нырма Сыгъдӕг Удӕй нӕма схайджын сты, уымӕн ӕмӕ Йесойы кад нӕма раргом ис.