2 Фынг Ын ӕрӕвӕрдтой, ӕмӕ сын Марфӕ лӕггад кодта, Лазыр та уыди, Йесоимӕ фынгыл чи бадти, уыдонимӕ.
— О, райхъал у, цӕгаты дымгӕ! О хуссары дымгӕ, фӕзын! Мӕ дыргъдоныл мын радым, уадз, йӕ хӕрздӕф уӕлдӕфы ахъара! Уадз, мӕ уарзон ӕрбацӕуа йӕ дыргъдонмӕ, йӕ адджын дыргътӕй йын бахӕра!
Йесо уыди Вифанийы, хъотырджын Симоны хӕдзары.
Йесо уыди Вифанийы, хъотырӕй рынчын Симоны хӕдзары. Фынджы уӕлхъус куы бадти, уӕд Ӕм бацыди иу сылгоймаг дурынимӕ, йӕ мидӕг та уыди, нард, зӕгъгӕ, цы зайӕгой хонынц, уымӕй конд сыгъдӕг ӕмӕ зынаргъ хӕрздӕфгӕнӕн. Сылгоймаг дурыны хъуыр асаста ӕмӕ хӕрздӕфгӕнӕн Йесойы сӕрыл уадзын райдыдта.
Тӕхудиаг сты, хӕдзары хицау куы ӕрбацӕуа, уӕд фынӕйӕ кӕй не ’рбаййафа, уыцы цагъартӕ. Ӕцӕг уын зӕгъын, уый йӕ рон ӕрбалвасдзӕни, фынджы уӕлхъус сӕ ӕрбадын кӕндзӕн ӕмӕ сын йӕхӕдӕг кӕстӕриуӕг кӕнын райдайдзӕн.
Фысымӕн та Йесо загъта: «Сихор кӕнӕ ӕхсӕвӕры фынгмӕ дӕ хӕлӕрттӕ, де ’фсымӕртӕ, дӕ хӕстӕджытӕ кӕнӕ хъӕздыг сыхӕгты ма фӕхон, уымӕн ӕмӕ дӕ иу бон уыдон дӕр фӕхондзысты ӕмӕ дын уымӕй дӕ хорздзинад бафиддзысты.
Чи у уӕлдӕр — фынгыл бадӕг ӕви кӕстӕриуӕггӕнӕг? Фынгыл бадӕг уӕлдӕр нӕу, ӕви? Ӕз та уын дӕн кӕстӕриуӕггӕнӕгау.
Левий Йесойӕн йӕ хӕдзары ӕрӕвӕрдта хъӕздыг фынг. Фынгыл Йемӕ бадти бирӕ хъалонисджытӕ, стӕй ма дзы ӕндӕр адӕм дӕр дзӕвгар уыд.
Мӕнӕ Ӕз дуармӕ лӕууын ӕмӕ хойын. Мӕ хъӕлӕс Мын чи фехъуса ӕмӕ дуар чи байгом кӕна, уымӕ бацӕудзынӕн ӕмӕ йемӕ минас кӕндзынӕн, уый та — Мемӕ.