18 Адӕм Йӕ размӕ дӕр уый тыххӕй рацыдысты, ӕмӕ фехъуыстой, Йесо уыцы диссаг кӕй сарӕзта, уый.
Елеоны хохы ӕрхизӕнмӕ куы фӕцӕйхӕццӕ кодта, уӕд Йӕ бирӕ ахуыргӕнинӕгтӕ иууылдӕр Хуыцауы стауын райдыдтой, сӕхи цӕстӕй кӕй федтой, ӕппӕт уыцы диссӕгты тыххӕй:
уымӕн ӕмӕ сыл уый тыххӕй иудейӕгтӕй бирӕтӕ сӕхи атигъ кодтой ӕмӕ Йесойыл баууӕндыдысты.
Дыккаг бон, бӕрӕгбонмӕ цы бирӕ адӕм ӕрӕмбырд, уыдон фехъуыстой, Йесо Йерусалиммӕ ӕрбацӕуы, зӕгъгӕ.
Фарисейтӕ та кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Уынут, куыд ницы нын ӕнтысы! Ӕгас дуне Йӕ фӕдыл цӕуы!»
Йесо галилейаг Канӕйы цы бакодта, уый уыди Йӕ диссӕгты райдайӕн, уымӕй равдыста Йӕ кады хъомыс, ӕмӕ Йыл Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ баууӕндыдысты.
Йӕ фӕдыл ацыди бирӕ адӕм, уымӕн ӕмӕ уыдтой, рынчынты дзӕбӕх кӕнгӕйӕ цы диссӕгтӕ арӕзта, уый.