Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Иоанн 12:15 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

15 «Ма тӕрс, Сионы чызг! Мӕнӕ дӕ Паддзах фӕцӕуы, къӕлӕуыл бадгӕйӕ».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Иоанн 12:15
17 Iomraidhean Croise  

Фӕстӕдӕр Авессалом йӕхицӕн самал кодта тохуӕрдон ӕмӕ бӕхтӕ, стӕй дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз хъахъхъӕнӕджы.


Паддзах Цивайы фӕрсы: «Адон дӕ цӕмӕн хъӕуынц?» Цива дзуапп радта: «Хӕрджытӕ — цӕмӕй сыл паддзахы хӕдзаронтӕ цӕуой, дзул ӕмӕ дыргътӕ — дӕ дӕлдӕртӕн хойрагӕн, сӕн та — ӕдзӕрӕг быдыры чи бастайа, уыдонӕн нуазынӕн».


ӕмӕ сын уый бафӕдзӕхста: «Мӕ фырт Соломоны мын мӕ хӕргӕфсыл абадын кӕнут ӕмӕ, мӕ лӕггадгӕнджытӕ дӕр уемӕ, афтӕмӕй йӕ Гихоны доны онг бахӕццӕ кӕнут.


Ма тӕрсут, Израилы адӕм, Йаковы байзӕддӕгтӕ! Къуыдыргалмау ӕнӕбон куы уат, уӕд дӕр Ӕз уӕ фарсмӕ дӕн ӕмӕ уын баххуыс кӕндзынӕн. Ӕз — Дунедарӕг, Израилы Стыр Хуыцау — ссӕрибар кӕндзынӕн сымах.


Дунедарӕг фехъусын кодта ӕгас дунейӕн: «Фехъусын кӕнут Сионы сахарӕн, дӕ ирвӕзыны сахат ӕрбаввахс ис, зӕгъгӕ! Дунедарӕг ӕрбацӕуы ӕмӕ схорзӕхджын кӕндзӕн Йӕ адӕмы».


Дӕумӕ та, Мигдал-Эдер, Сионы чызджы хох, дӕ хицауы бартӕ раздӕхдзысты, Йерусалимы чызгмӕ раздӕхдзӕни йӕ паддзахдзинад.


Цин кӕн, Сионы чызг! Дӕ зӕрдӕ райӕд фыр цинӕй, Йерусалимы чызг! Мӕнӕ дӕм фӕцӕуы дӕ Паддзах! Уый у рӕстаг, сӕрныллӕг, ирвӕзындзинад дын ӕрхӕсдзӕн, фӕцӕуы къӕлӕуыл, хӕрӕджы лӕппыныл бадгӕйӕ.


«Зӕгъут Сионы чызгӕн: мӕнӕ дӕм дӕ сӕрныллӕг Паддзах фӕцӕуы къӕлӕуыл, хӕрӕджы лӕппыныл бадгӕйӕ».


Йесо та бавдӕлд ӕмӕ къӕлӕуыл сбадти, Сыгъдӕг Фыст куыд зӕгъы, афтӕ:


Ӕрмӕст паддзах бирӕ бӕхтӕ ма скӕнӕд йӕхицӕн ӕмӕ адӕмы фӕстӕмӕ Мысырмӕ ма арвитӕд, цӕмӕй йӕ бӕхтӕ ноджы фӕфылдӕр уой, уымӕн ӕмӕ уын Дунедарӕг афтӕ загъта: „Уыцы фӕндагыл фӕстӕмӕ макуыуал аздӕхут!“


Уыдис ын дыууиссӕдз фырты ӕмӕ дӕс ӕмӕ ссӕдз фырты фырты. Алкӕмӕ дӕр дзы уыди фӕйнӕ хӕрӕджы. Аст азы дӕргъы Авдон уыди Израилы фӕтӕг.


Зынаргъ гауызтыл урс хӕрджытыл бадджытӕ, бӕлццӕттӕ, уӕлахизы зарӕг ракӕнут!


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan