Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Иоанн 11:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 Ахуыргӕнинӕгтӕ Йын загътой: «Равви, ӕрӕджы дӕр ма Дӕ иудейӕгтӕ дуртӕй амарынмӕ куы хъавыдысты, уӕд та фӕстӕмӕ уырдӕм цӕуыс?»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Иоанн 11:8
11 Iomraidhean Croise  

уарзынц, цӕмӕй сын сахарты фӕзты адӕм арфӕтӕ кӕной ӕмӕ сӕм дзурой: „Ахуыргӕнӕг! Ахуыргӕнӕг!“


Сымах та ахуыргӕнджытӕ ма хонӕнт, уымӕн ӕмӕ уын иу Ахуыргӕнӕг ис — Чырысти, уӕхӕдӕг та уе ’ппӕт дӕр ӕфсымӕртӕ стут.


Ӕмӕ та иудейӕгтӕ ногӕй дуртӕм фӕлӕбурдтой, дурты бын Ӕй фӕкӕнӕм, зӕгъгӕ.


Ӕрцахсынмӕ та Йӕ хъавыдысты, фӕлӕ Уый аирвӕзти сӕ къухӕй.


Ӕмӕ иудейӕгтӕй бирӕтӕ ӕрбацыдысты Марфӕ ӕмӕ Мариамӕ се ’фсымӕры зианы тыххӕй сын тӕфӕрфӕс ракӕнынмӕ.


Уыцы рӕстӕг Ӕм Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ бахатыдысты: «Равви, исты скомдзаг кӕн».


Уӕд уыдон дуртӕ фелвӕстой, цӕмӕй Йыл сӕ фехсой, фӕлӕ Йесо фӕаууон ис ӕмӕ рацыди Кувӕндонӕй.


Фӕлӕ мӕнмӕ ницы кӕсы мӕ цард, ӕрмӕст бӕллын мӕ фӕндагыл кӕронмӕ ацӕуынмӕ ӕмӕ мын Бардарӕг Йесо цы куыст бафӕдзӕхста, уый кӕронмӕ фӕуынмӕ — Хуыцауы хорзӕхы тыххӕй Фарны Уац адӕммӕ фӕхӕццӕ кӕнынмӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan