57 Хистӕр сауджынтӕ ӕмӕ фарисейтӕ та бардзырд радтой: Йесо кӕм ис, уый исчи куы базона, уӕд сын фехъусын кӕнӕд, цӕмӕй Йӕ ӕрцахсой.
Сомы ракодта Дунедарӕг ӕмӕ Йӕ дзырд нӕ фӕсайдзӕн: «Ды Мелхиседекы хуызӕн Алчер дӕ мыггагмӕ».
Ӕрцахсынмӕ та Йӕ хъавыдысты, фӕлӕ Уый аирвӕзти сӕ къухӕй.
Фӕлӕ дзы иуӕй-иутӕ ацыдысты фарисейтӕм ӕмӕ сын, Йесо цы бакодта, уый тыххӕй радзырдтой.
Уӕд алчертӕ ӕмӕ фарисейтӕ ӕрӕмбырд кодтой синедрион ӕмӕ загътой: «Цы гӕнгӕ нын у? Ацы Адӕймаг бирӕ диссӕгтӕ ӕвдисы.
Уӕд уыдон дуртӕ фелвӕстой, цӕмӕй Йыл сӕ фехсой, фӕлӕ Йесо фӕаууон ис ӕмӕ рацыди Кувӕндонӕй.
Йӕ ныййарджытӕ иудейӕгтӕй тарстысты ӕмӕ ахӕм дзуапп уымӕн радтой, уымӕн ӕмӕ иудейӕгты уынаффӕмӕ гӕсгӕ, Йесойы ӕргомӕй Чырыстийыл чи банымайа, уый хъуамӕ синагогӕйӕ тард ӕрцыдаид.