Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Иоанн 11:48 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

48 Афтӕ Йӕ куы ныууадзӕм, уӕд Ыл се ’ппӕт дӕр баууӕнддзысты. Ӕмӕ ӕрцӕудзысты ромӕгтӕ ӕмӕ нын нӕ ацы уаз бынат дӕр ӕмӕ нӕ адӕмы дӕр бабын кӕндзысты».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Иоанн 11:48
19 Iomraidhean Croise  

Паддзах смӕсты, йе ’фсад арвыста, уыцы лӕгмарты ныццагъта ӕмӕ сын сӕ сахар басыгъта.


Уӕдӕ ацӕут фӕндӕгты тигътӕм ӕмӕ кӕйдӕриддӕр фенат — чындзӕхсӕвмӕ сӕ ӕрхонут“.


Уӕдӕ, пехуымпар Даниил куыд загъта, афтӕ уаз бынаты „ӕлгъаг заууат“ куы фенат, — чиныгкӕсӕг ӕй бамбарӕд, —


Адӕм ын ӕмхъӕлӕсӕй дзуапп радтой: «Йӕ туг махӕн ӕмӕ нӕ зӕнӕгӕн фидинаг фӕуӕд!»


Сар уӕ сӕр, динамонджытӕ! Сымах байстат зонынады дӕгъӕл; уӕхӕдӕг дӕр нӕ бацыдыстут ӕмӕ, бацӕуын кӕй фӕндыди, уыдоны дӕр нӕ бауагътат».


фӕндаггӕрон цы нӕмгуытӕ ӕрхауд, уыдон та сты ахӕм хъусджытӕ: фехъусынц ныхас, фӕлӕ сӕм уый фӕстӕ ӕрбацӕуы хӕйрӕг ӕмӕ сын ӕй сӕ зӕрдӕйӕ фелвасы, цӕмӕй ма баууӕндой ӕмӕ ма фервӕзой.


Уый ӕрцыдис ӕвдисӕнӕн, цӕмӕй зӕгъа Рухсы тыххӕй ӕмӕ Йыл адӕм иууылдӕр баууӕндой йӕ фӕрцы.


«Мах уын фидарӕй нӕ загътам, уыцы Адӕймаджы номӕй адӕмы мауал ахуыр кӕнут, зӕгъгӕ? Сымах та ӕгас Йерусалимы ахӕлиу кодтат уӕ ахуырад. Уыимӕ ма Йын Йӕ мӕлӕт дӕр хъуамӕ мах ӕфсон фӕкӕнат».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan