Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Иоанн 11:44 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

44 Ӕмӕ мард рацыди, йӕ къухтӕ ӕмӕ йӕ къӕхтӕ — мӕрдӕмбӕрзӕн хӕцъилты тыхт, йӕ цӕсгом — цӕсгомӕмбӕрзӕнӕй ӕхгӕд. Йесо сын загъта: «Райхалут ӕй, ӕмӕ ацӕуа».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Иоанн 11:44
20 Iomraidhean Croise  

Ӕмӕ Хуыцау загъта: «Уӕд рухс!» Ӕмӕ фӕзынди рухс.


Бафӕлварут ӕмӕ фендзыстут, Хуыцау куыд хорз у, уый! Тӕхудиаг у, Ууыл йӕ зӕрдӕ чи дары!


Ӕз сӕ бахиздзынӕн зындонӕй, мӕлӕтӕй сӕ фервӕзын кӕндзынӕн. Мӕлӕт, кӕм ис дӕ маргӕвзаг? Зындон, кӕм ис дӕ уӕлахиз? Тӕригъӕд нӕ зондзынӕн Ӕз.


Йесо сын тынг ныффӕдзӕхста, ацы хабар мачи базонӕд, зӕгъгӕ. Стӕй ма сын загъта, цӕмӕй чызгӕн исты бахӕрын кӕной.


Ӕрбацыд ӕртыккаг ӕмӕ загъта: „Хицау, мӕнӕ дӕ минӕ, хӕцъилы тыхтӕй йӕ фӕдардтон.


Мард йӕхиуыл схӕцыди, рабадт ӕмӕ райдыдта дзурын. Уӕд ӕй Йесо йӕ мады бар ныууагъта.


Ӕз ӕмӕ Мӕ Фыд иу стӕм».


Йесо загъта: «Айсут дур». Марды хо Марфӕ Йын загъта: «Хицау, мард афонмӕ сысмаг ис. Ныр цыппар боны зӕппадзы ис».


Уыцы ныхӕсты фӕстӕ Йесо хъӕрӕй загъта: «Лазыр, ӕддӕмӕ рацу!»


Уыдон Йесойы мард, иудейаг ӕгъдаумӕ гӕсгӕ, хӕрздӕфгӕнӕнтимӕ гӕнӕй уӕфт мӕрддзӕгты батыхтой.


Ӕргуыбыр кодта ӕмӕ мӕрддзӕгтӕ федта, фӕлӕ зӕппадзмӕ нӕ бацыди.


Уыимӕ ма, Йесойы сӕр баст кӕмӕй уыди, уыцы хӕцъил дӕр мӕрддзӕгтимӕ нӕ, фӕлӕ ӕндӕр ран хицӕнӕй тыхт уыди.


Фыд мӕрдты куыд ӕгас кӕны ӕмӕ сын цард куыд дӕтты, афтӕ Фырт дӕр цард дӕтты, кӕмӕн Ӕй фӕнды, уыдонӕн.


Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: ӕрцӕуы ахӕм рӕстӕг, уӕвгӕ, цӕугӕ дӕр ӕркодта, ӕмӕ мӕрдтӕ фехъусдзысты Хуыцауы Фырты хъӕлӕс, ӕмӕ йӕ куы фехъусой, уӕд райгас уыдзысты.


Ӕппӕт басӕттын дӕр Йӕ бон кӕмӕй у, Йӕ уыцы хъаруйӕ Уый аивдзӕн нӕ лӕмӕгъ буар, скӕндзӕн ӕй Йӕ кадджын Буары халдих.


дӕн удӕгас. Ӕз уыдтӕн мард, фӕлӕ мӕнӕ цардӕгас дӕн мыггагӕй-мыггагмӕ! Мӕнмӕ сты мӕрдтыбӕстӕйы ӕмӕ мӕлӕты дӕгъӕлтӕ.


Дунедарӕг амары ӕмӕ райгас кӕны, Мӕрдтыбӕстӕм барвиты ӕмӕ фӕстӕмӕ ракӕны.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan