Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Иоанн 11:42 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

42 Ды Мӕ кӕддӕриддӕр кӕй фехъусдзынӕ, уый Ӕз зыдтон, фӕлӕ афтӕ, ам цы адӕм ис, уыдоны тыххӕй загътон — цӕмӕй баууӕндой, Ды Мӕ кӕй рарвыстай, ууыл».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Иоанн 11:42
27 Iomraidhean Croise  

Ӕви афтӕ ӕнхъӕл дӕ, ӕмӕ, ныртӕккӕ Мӕ Фыдӕй куы ракурин, уӕд Мын Уый дыууадӕс легионӕй фылдӕр зӕдтӕ нӕ рарвитид?


Фӕлӕ ӕз ныр дӕр зонын: Ды Хуыцауӕй цыдӕриддӕр ракурай, уый Дын ратдзӕни».


Мариаимӕ хӕдзары чи уыд ӕмӕ йын ныфсытӕ чи ӕвӕрдта, уыцы иудейӕгтӕ йӕ ӕваст фестгӕ ӕмӕ рацӕугӕ куы федтой, уӕд йӕ фӕдыл рацыдысты. Уыдон афтӕ ӕнхъӕл уыдысты, зӕппадзмӕ кӕуынмӕ ацыди, зӕгъгӕ.


Уыцы ныхӕсты фӕстӕ Йесо хъӕрӕй загъта: «Лазыр, ӕддӕмӕ рацу!»


уымӕн ӕмӕ сыл уый тыххӕй иудейӕгтӕй бирӕтӕ сӕхи атигъ кодтой ӕмӕ Йесойыл баууӕндыдысты.


Йесо Лазырмӕ зӕппадзмӕ куыд бадзырдта ӕмӕ йӕ куыд райгас кодта, уый йӕхи цӕстӕй чи федта, уыдон ныр уыцы цауы кой кодтой.


Уадз ӕмӕ се ’ппӕт дӕр уой иу. Ды, Мӕ Фыд, Мемӕ иу куыд дӕ, Ӕз та Демӕ иу куыд дӕн, афтӕ уыдон дӕр иу уӕнт Немӕ, ӕмӕ дуне баууӕнда, Ды Мӕ кӕй рарвыстай, ууыл.


Мӕ раст Фыд! Дуне Дӕ нӕ базыдта, Ӕз та Дӕ зонын, ӕмӕ уыдон дӕр базыдтой, Ды Мӕ кӕй рарвыстай, уый.


Уымӕн ӕмӕ сын Ӕз фехъусын кодтон, Ды кӕй загътай, уыцы ныхӕстӕ, ӕмӕ ӕцӕгдӕр бамбӕрстой, Ӕз Дӕуӕй кӕй ӕрцыдтӕн, ӕмӕ сӕ бауырныдта, Ды Мӕ кӕй рарвыстай, уый.


Ацы чиныг та уымӕн фыст ӕрцыд, цӕмӕй баууӕндат, Йесо Хуыцауы Фырт, Чырысти кӕй у, ууыл. Ӕмӕ куы ӕууӕндат, уӕд Йӕ фӕрцы схайджын уыдзыстут мыггагмӕйы цардӕй.


Уымӕн ӕмӕ Хуыцау Йӕ Фырты дунейӕн тӕрхон рахӕссынмӕ нӕ рарвыста, фӕлӕ дуне Уый фӕрцы фервӕзын кӕнынмӕ.


Стӕй Ӕз тӕрхон куы кӕнон, уӕддӕр Мӕ тӕрхон раст у, уымӕн ӕмӕ Ӕз иунӕг нӕ дӕн — Мӕ рарвитӕг Фыд Мемӕ ис.


Мӕ Рарвитӕг Мемӕ ис, иунӕгӕй Мӕ нӕ ныууагъта, уымӕн ӕмӕ Йын фӕндон цы у, Ӕз кӕддӕриддӕр уый кӕнын».


Йесо сын загъта: «Хуыцау уӕ Фыд куы уаид, уӕд Мӕ уарзиккат, уымӕн ӕмӕ Ӕз рацыдтӕн Хуыцауӕй ӕмӕ уӕм ӕрцыдтӕн. Ӕз Мӕхи номӕй не ’рцыдтӕн, фӕлӕ Мӕ Уый рарвыста.


Адӕймаджы ӕрдзыхъӕд ӕй кӕй слӕмӕгъ кодта, уый аххосӕй Ӕгъдауӕн цы нӕ бантыст, уый сарӕзта Хуыцау — буарыдзыдӕй рарвыста Йӕ Фырты, ӕмӕ, адӕймаджы тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды хуызӕн чи уыди, Фырты уыцы ӕрдзыхъӕд хаст ӕрцыди тӕригъӕды нывондӕн. Афтӕмӕй Хуыцау тӕрхон рахаста, адӕймаджы ӕрдзыхъӕды цы тӕригъӕд цӕры, уымӕн,


Фӕлӕ афон куы ралӕууыд, уӕд Хуыцау рарвыста, сылгоймагӕй Чи райгуырд ӕмӕ Ӕгъдауы дӕлбар Чи уыд, Йӕ уыцы Фырты,


Йӕ зӕххон буары ма куы уыди, уӕд дзыназгӕйӕ ӕмӕ цӕссыг калгӕйӕ куывта ӕмӕ куырдта, мӕлӕтӕй Йӕ фервӕзын кӕнын Кӕй бон уыди, уыцы Хуыцауӕй, ӕмӕ Йӕ Уый фехъуыста, аргъуыц Ын кӕй кодта, уый тыххӕй.


Ӕмӕ, Йӕ фӕрцы Хуыцаумӕ чи ӕрцӕуы, уыдоны бынтон фервӕзын кӕнын Йӕ бон у, уымӕн ӕмӕ мыггагмӕ ӕгас у, цӕмӕй Хуыцауӕй кура уыдоны тыххӕй.


Мах федтам ӕмӕ ӕвдисӕн стӕм, Фыд Йӕ Фырты дунейӕн Ирвӕзынгӕнӕгӕй кӕй рарвыста, уымӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan