37 Иуӕй-иутӕ та дзырдтой: «Куырмӕн йӕ цӕстытӕ куы байгом кодта, уӕд Йӕ бон афтӕ бакӕнын нӕ уыд, цӕмӕй ацы адӕймаг ма амӕла?»
Сымах бирӕ бӕргӕ федтат, фӕлӕ фиппайгӕ ницы кодтат, уӕ хъустӕ гом бӕргӕ уыдысты, фӕлӕ сӕ хъусгӕ нӕ кодтат.
Чырысти, Израилы Паддзах! Ныр дзуарӕй ӕрхизӕд, цӕмӕй Йӕ нӕхи цӕстӕй фенӕм ӕмӕ Йыл баууӕндӕм». Йемӕ Йын кӕй байтыгътой, уыдон дӕр Ӕй фаудтой.
Адӕм лӕууыдысты ӕмӕ кастысты, сӕ хицӕуттӕ та Йыл худтысты: «Иннӕты ирвӕзын кодта, ныр Йӕхи фервӕзын кӕнӕд, кӕд Хуыцауы ӕвзӕрст Чырысти у, уӕд».
Кӕй байтыгътой, уыцы фыдгӕнджытӕй иу ӕлгъыста Йесойы ӕмӕ Йын дзырдта: «Чырысти нӕ дӕ, ӕви цы? Фервӕзын кӕн Дӕхи дӕр ӕмӕ мах дӕр».
Марфӕ загъта Йесойӕн: «Хицау, Ды ам куы уыдаис, уӕд ме ’фсымӕр нӕ амардаид.
Йесо кӕм уыд, Мариа уырдӕм куы бахӕццӕ ис ӕмӕ Йӕ куы федта, уӕд Ын Йӕ къӕхты бынмӕ ӕрхауди ӕмӕ загъта: «Хицау, Ды ам куы уыдаис, уӕд ме ’фсымӕр нӕ амардаид».