Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Иоанн 11:25 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

25 Йесо йын загъта: «Ӕз дӕн мӕрдтӕй ӕгасгӕнӕг ӕмӕ царддӕттӕг. Мӕныл чи ӕууӕнды, уый куы амӕла, уӕддӕр райгас уыдзӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Иоанн 11:25
41 Iomraidhean Croise  

Фыдгӕнджытӕ бабын уыдзысты, Дунедарӕгыл йӕ зӕрдӕ чи дары, уыдонӕн та зӕхх бауыдзӕни сӕ исбон.


О Дунедарӕг! Райгас уыдзысты Дӕ мӕрдтӕ, мард буӕрттӕ раздӕхдзысты цардмӕ! Райхъал ут ӕмӕ цинхъӕр кӕнут, дӕлдзӕххы цӕрджытӕ! О Дунедарӕг! Ды дӕ рухстау ӕртӕхау, ӕмӕ зӕхх мӕрдты раппардзӕни йӕ хуылфӕй.


О Дунедарӕг! Афтӕ цӕрынц адӕм, уыдӕтты мидӕг — йӕ царды мидис мӕ удӕн. Ды мӕ сдзӕбӕх кӕндзынӕ, цард мын балӕвар кӕндзынӕ.


Йесо йын загъта: «Ӕцӕг цы у, уый дын зӕгъын: тӕккӕ абон Мемӕ уыдзынӕ дзӕнӕты».


Уый уыди царддӕттӕг, ӕмӕ уыцы цард адӕмӕн уыди сӕ рухс.


Чысыл ма хъӕуы, ӕмӕ дуне нал фендзӕни Мӕн, сымах та Мӕ фендзыстут, уымӕн ӕмӕ Ӕз цӕрын, ӕмӕ сымах дӕр цӕрдзыстут.


Йесо йын загъта: «Ӕз дӕн фӕндаг, ӕцӕгад ӕмӕ цард. Мӕ Фыдмӕ ничи ӕрцӕудзӕн, Мӕ фӕрцы куы не ’рцӕуа, уӕд.


Хуыцау афтӕ бауарзта дуне, ӕмӕ радта Йӕ Иунӕг Фырты, цӕмӕй Йыл чидӕриддӕр ӕууӕнды, уыдон ма фесӕфой, фӕлӕ сын уа мыггагмӕйы цард.


Фыртыл чи ӕууӕнды, уый хайджын у мыггагмӕйы цардӕй, Фыртмӕ чи нӕ хъусы, уый та цард нӕ фендзӕн — Хуыцауы азар ӕй баййӕфта».


Фыд мӕрдты куыд ӕгас кӕны ӕмӕ сын цард куыд дӕтты, афтӕ Фырт дӕр цард дӕтты, кӕмӕн Ӕй фӕнды, уыдонӕн.


Фыд Йӕхӕдӕг царддӕттӕг куыд у, афтӕ Йӕ Фырты дӕр скодта царддӕттӕг


Йесо сын загъта: «Ӕз дӕн царды дзул. Мӕнмӕ ӕрцӕуӕг никуы сыстонг уыдзӕн ӕмӕ Мӕныл ӕууӕндӕг мыггагмӕ дӕр нал сдойны уыдзӕн.


Мӕнмӕ ӕрбацӕуын никӕй бон у, Мӕ рарвитӕг Фыд Мӕм ӕй куынӕ ӕрбакӕна, уӕд. Ӕмӕ йӕ Ӕз фӕстаг бон райгас кӕндзынӕн.


Царддӕттӕджы та амардтат. Фӕлӕ Йӕ Хуыцау мӕрдтӕй райгас кодта — мах уымӕн ӕвдисӕн.


Сыгъдӕг Фыст куыд зӕгъы, афтӕ: «Ӕз дӕ скодтон бирӕ адӕмты фыдӕл». Бирӕ адӕмты фыдӕл Авраам у Хуыцауы раз — Кӕуыл баууӕндыди, мӕрдты Чи ӕгас кӕны ӕмӕ, цы нӕй, уымӕ ӕнӕуӕвынадӕй уӕвынадмӕ Чи басиды, уыцы Хуыцауы раз.


Сыгъдӕг Уды царддӕттӕг ӕгъдау Йесо Чырыстийы руаджы дӕу ссӕрибар кодта тӕригъӕды ӕмӕ мӕлӕты ӕгъдауӕй.


Уӕд, Чырыстийыл ӕууӕндгӕйӕ чи амард, уыдон дӕр бабын сты.


Науӕд мӕрдты сӕраппонд цӕй охыл райсынц аргъуыд? Кӕд мӕрдтӕн райгасы амал нӕй, уӕд цӕмӕн райсынц аргъуыд мӕрдты сӕраппонд?


Мах зонӕм: Бардарӕг Йесойы Чи райгас кодта, Уый мах дӕр Йесоимӕ райгас кӕндзӕни ӕмӕ нӕ Йӕ разы ӕрлӕууын кӕндзӕни уӕ фарсмӕ.


Сӕ иумӕ дӕр ӕхсайы мӕ зӕрдӕ ӕмӕ иннӕмӕ дӕр: фӕнды мӕ ацы дунейӕ ацӕуын ӕмӕ Чырыстиимӕ цӕрын — уый бирӕ хуыздӕр у.


Мӕ нысан у Чырыстийы, ома мӕрдтӕй Йӕ цы тых райгас кодта, уый базонын, Йӕ хъизӕмӕртты хай Йын бавзарын ӕмӕ, Уый куыд амарди, афтӕ амӕлын,


Мах ӕууӕндӕм, Йесо кӕй амард ӕмӕ райгас, ууыл. Ӕмӕ, кӕд афтӕ у, уӕд Йесойыл ӕууӕндгӕйӕ чи амарди, уыдоны дӕр Хуыцау Чырыстиимӕ ӕркӕндзӕн Йӕхимӕ.


дӕн удӕгас. Ӕз уыдтӕн мард, фӕлӕ мӕнӕ цардӕгас дӕн мыггагӕй-мыггагмӕ! Мӕнмӕ сты мӕрдтыбӕстӕйы ӕмӕ мӕлӕты дӕгъӕлтӕ.


Иннӕ мӕрдтӕ та нӕ райгас сты, цалынмӕ мин азы рацыди, уӕдмӕ. Уый у фыццаг райгас.


Ӕмӕ сын Хуыцау сӕ цӕстытӕй ныссӕрфдзӕни сӕ цӕссыг; нал уыдзӕн нӕдӕр мӕлӕт, нӕдӕр хъыгтӕ, нӕдӕр хъарӕг, нӕдӕр рыст, уымӕн ӕмӕ, раздӕр цы уыди, уый аивгъуыдта».


Зӕд мын фенын кодта кристаллау ӕрттивгӕ царддӕттӕг дон. Уый калди Хуыцау ӕмӕ Уӕрыччы бадӕнӕй,


Уд ӕмӕ Усаг зӕгъынц: «Ӕрцу!» Чи хъусы, уый дӕр зӕгъӕд: «Ӕрцу!» Дойны кӕмӕн у, уый ӕрцӕуӕд, ӕмӕ, кӕй фӕнды, уый царды дон айсӕд лӕвар.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan