Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Иоанн 11:24 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

24 Марфӕ Йын дзуапп радта: «Зонын ӕй, фӕстаг бон, Мӕрдты райгасы бон, кӕй райгас уыдзӕни, уый».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Иоанн 11:24
18 Iomraidhean Croise  

Суагъта Йӕ фӕттӕ ӕмӕ ныххӕлиу кодта фыдгулты, арвӕрттывдӕй сӕ лидзӕг фӕкодта.


мӕлӕтӕн мыггагмӕ скӕндзӕни кӕрон, алкӕмӕн дӕр йӕ цӕссыгтӕ ныссӕрфдзӕн, зӕххы цъарыл Йӕ адӕмы худинагӕй бахиздзӕн. Афтӕ загъта Дунедарӕг.


О Дунедарӕг! Райгас уыдзысты Дӕ мӕрдтӕ, мард буӕрттӕ раздӕхдзысты цардмӕ! Райхъал ут ӕмӕ цинхъӕр кӕнут, дӕлдзӕххы цӕрджытӕ! О Дунедарӕг! Ды дӕ рухстау ӕртӕхау, ӕмӕ зӕхх мӕрдты раппардзӕни йӕ хуылфӕй.


Ӕз сӕ бахиздзынӕн зындонӕй, мӕлӕтӕй сӕ фервӕзын кӕндзынӕн. Мӕлӕт, кӕм ис дӕ маргӕвзаг? Зындон, кӕм ис дӕ уӕлахиз? Тӕригъӕд нӕ зондзынӕн Ӕз.


Дыууӕ бонмӕ нӕ царды тых бауадздзӕн, ӕртыккаг бон нӕ слӕууын кӕндзӕн нӕ къӕхтыл, ӕмӕ цӕрдзыстӕм Йӕ разы.


Тӕхудиаг уыдзынӕ, сӕ бон дын ӕй бафидын кӕй нӕу, уымӕй. Уымӕн ӕмӕ дын уый тыххӕй рӕстудты райгасы бон хӕрзиуӕг рардӕуыдзӕн».


Йесо йын загъта: «Де ’фсымӕр райгас уыдзӕн».


Мӕ Рарвитӕджы та фӕнды, цӕмӕй Мын кӕй радта, уыдонӕй Ӕз иуы дӕр ма фесафон, фӕлӕ се ’ппӕты дӕр райгас кӕнон Фӕстаг бон.


Уымӕн ӕмӕ Мӕ Фыды, цӕмӕй Фырты чидӕриддӕр уыны ӕмӕ Йыл ӕууӕнды, уымӕн уа мыггагмӕйы цард; ӕмӕ йӕ Ӕз фӕстаг бон райгас кӕндзынӕн».


Мӕ зылынгӕнджытӕ сӕхӕдӕг сӕ зӕрдӕ куыд дарынц, афтӕ ӕз дӕр мӕ зӕрдӕ дарын Хуыцауыл: райгас уыдзысты рӕстытӕ дӕр ӕмӕ тӕригъӕдджынтӕ дӕр.


Сылгоймӕгтӕ-иу сӕ мӕрдты удӕгасӕй райстой. Иннӕты-иу амардӕуыд хъизӕмары мӕлӕтӕй — уыдоны сӕрибар райсын нӕ бафӕндыд, цӕмӕй хуыздӕр цардӕн райгас уой.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan