Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Иоанн 11:16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

16 Уӕд, фӕсномыгӕй Фаззон кӕй хуыдтой, уыцы Фома иннӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Цом ӕмӕ мах дӕр Йемӕ амӕлӕм».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Иоанн 11:16
12 Iomraidhean Croise  

Филипп ӕмӕ Варфоломей, Фома ӕмӕ хъалонисӕг Матфей, Алфейы фырт Йаков ӕмӕ, фӕсномыгӕй Фаддей кӕй хуыдтой, уыцы Леввей,


Петр Ын загъта: «Демӕ мӕ амӕлын куы бахъӕуа, уӕд дӕр Дыл ӕз мӕхи нӕ атигъ кӕндзынӕн». Афтӕ дзырдтой иннӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр.


Андрейы, Филиппы, Варфоломейы, Матфейы, Фомайы, Алфейы фырт Йаковы, Фаддейы, Симон Кананиты


Петр Ын загъта: «Хицау, ӕз Демӕ ахӕстонмӕ цӕуынмӕ дӕр ӕмӕ мӕлӕтмӕ дӕр цӕттӕ дӕн».


Матфейы, Фомайы, Алфейы фырт Йаковы, фӕсномыгӕй Зилот кӕй хуыдтой, уыцы Симоны,


Ӕмӕ Ӕз уым кӕй нӕ фӕдӕн, уый тыххӕй цин кӕнын сымахыл, уымӕн ӕмӕ баууӕнддзыстут. Ныр та йӕм ацӕуӕм».


Ахуыргӕнинӕгтӕ Йын загътой: «Равви, ӕрӕджы дӕр ма Дӕ иудейӕгтӕ дуртӕй амарынмӕ куы хъавыдысты, уӕд та фӕстӕмӕ уырдӕм цӕуыс?»


Петр Ын загъта: «Хицау, цӕуылнӕ мын ис ныр Дӕ фӕдыл ацӕуӕн? Ӕз мӕ цард дӕр ратдзынӕн Дӕу тыххӕй».


Уӕд Ӕй Фома бафарста: «Хицау, кӕдӕм цӕуыс, уый нын зындгонд куынӕ у, уӕд ӕм фӕндаг куыд хъуамӕ зонӕм?»


Симон Петр, фӕсномыгӕй Фаззон кӕй хуыдтой, уыцы Фома, галилейаг Канӕйӕ чи уыди, уыцы Нафанаил, Зеведейы фырттӕ ӕмӕ ма ноджы Йесойы дыууӕ ӕндӕр ахуыргӕнинаджы уыдысты иумӕ.


Куы ӕрбаздӕхтысты, уӕд уӕллаг уатмӕ ссыдысты ӕмӕ уым баззадысты — Петр ӕмӕ Иоанн, Йаков ӕмӕ Андрей, Филипп ӕмӕ Фома, Варфоломей ӕмӕ Матфей, Алфейы фырт Йаков, Симон Зилот ӕмӕ Йаковы ӕфсымӕр Иудӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan