Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Иоанн 11:15 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

15 Ӕмӕ Ӕз уым кӕй нӕ фӕдӕн, уый тыххӕй цин кӕнын сымахыл, уымӕн ӕмӕ баууӕнддзыстут. Ныр та йӕм ацӕуӕм».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Иоанн 11:15
16 Iomraidhean Croise  

Уым ӕм фыццаг ӕхсӕв ӕргом рацыди Дунедарӕг ӕмӕ йын загъта: «Ӕз дӕ фыд Авраамы Хуыцау дӕн. Ма тӕрс, Ӕз демӕ дӕн. Раарфӕ дын кӕндзынӕн ӕмӕ дын, Мӕ цагъар Авраамы сӕр нымайгӕйӕ, дӕ байзӕддӕгты сбирӕ кӕндзынӕн».


Ӕдзӕрӕг быдыры сӕ монцты уацары бахаудысты, ӕдзӕрӕг ран Хуыцауы фӕлвӕрдтой,


Бабырсинаг-иу дӕм чи уа, уымӕн Ӕз фӕндаг нал ратдзынӕн, ӕмӕ-иу йӕхӕдӕг бабын уыдзӕн.


Ноджы ма Дунедарӕг зӕгъы: «Ӕфхӕрд сӕнӕфсиры зӕнгыл дӕр рӕгъӕд цупал куы разыны, донджын цупал, уӕд ын йӕ тонӕгӕн фӕзӕгъынц: „Ма йӕ ацъӕл кӕн, уымӕн ӕмӕ уый арфӕгонд у“. Афтӕ бакӕндзынӕн Ӕз дӕр Мӕ цагъарты сӕраппонд, се ’ппӕты нӕ фесафдзынӕн.


Уӕд сын ӕй Йесо комкоммӕ загъта: «Лазыр амард.


Уӕд, фӕсномыгӕй Фаззон кӕй хуыдтой, уыцы Фома иннӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Цом ӕмӕ мах дӕр Йемӕ амӕлӕм».


Йесо уый куы фехъуыста, уӕд загъта: «Уыцы низӕн йӕ кӕрон мӕлӕтмӕ нӕ цӕуы — Хуыцауы кадӕн у, цӕмӕй уый руаджы Хуыцауы Фырты кад раргом уа».


Уӕд сын Йесо загъта: «Уыцы хъӕлӕс Мӕн тыххӕй нӕ уыди, фӕлӕ сымах тыххӕй.


Ӕмӕ уыдоны сӕраппонд Ӕз Мӕхи нывонд кӕнын Дӕуӕн, цӕмӕй уыдон дӕр ӕцӕгады фӕрцы Дӕу бауой.


Йесо галилейаг Канӕйы цы бакодта, уый уыди Йӕ диссӕгты райдайӕн, уымӕй равдыста Йӕ кады хъомыс, ӕмӕ Йыл Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ баууӕндыдысты.


Ӕппӕт уыдӕттӕ сты уӕ сӕраппонд, цӕмӕй Хуыцауы хорзӕх анхъӕвза бирӕ адӕмыл ӕмӕ расайа бирӕ арфӕтӕ Хуыцауы кадӕн.


Уымӕ гӕсгӕ ӕз алцӕмӕн дӕр фӕразын ӕвзӕрстыты сӕраппонд, цӕмӕй уыдон дӕр фервӕзой Йесо Чырыстийы руаджы ӕмӕ схайджын уой мыггагмӕйы кадӕй.


Ацы ныхӕстӕ ныффыстон сымахмӕ, Хуыцауы Фыртыл ӕууӕндджытӕм, цӕмӕй зонат, мыггагмӕйы цард уын кӕй ис, уый.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan