14 Уӕд сын ӕй Йесо комкоммӕ загъта: «Лазыр амард.
Уыдӕттӕ сын дзырдта ӕргомӕй. Уӕд Ӕй Петр иуварс акодта ӕмӕ Йын уайдзӕфтӕ кӕнын райдыдта.
Уым Ыл иудейӕгтӕ ӕрӕмбырд сты ӕмӕ Йын дзырдтой: «Кӕдмӕ ма нӕ тыхсын кӕндзынӕ? Кӕд Чырысти дӕ, уӕд нын ӕй ӕргом зӕгъ».
Йесо сын дзырдта Лазыры мӕлӕты тыххӕй, уыдон та афтӕ ӕнхъӕл уыдысты, цыма Уый хуымӕтӕг фынӕйы кой кӕны.
Ӕмӕ Ӕз уым кӕй нӕ фӕдӕн, уый тыххӕй цин кӕнын сымахыл, уымӕн ӕмӕ баууӕнддзыстут. Ныр та йӕм ацӕуӕм».
Ӕз уын ныронг ӕмбисӕндтӕй дзырдтон. Фӕлӕ афон куы ’рцӕуа, уӕд уын Ӕз фӕсномыгӕй нал дзурдзынӕн, фӕлӕ уын ӕргомӕй Фыды тыххӕй зӕгъдзынӕн.
Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Йын загътой: «Ныртӕккӕ Ды немӕ дзурыс ӕргомӕй, ӕнӕ фӕсномыг ныхасӕй.