Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Иоанн 11:11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

11 Уыцы ныхӕстыл ма Йесо бафтыдта: «Нӕ хӕлар Лазыр бафынӕй ис, ӕмӕ Ӕз цӕуын йӕ райхъал кӕнынмӕ».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Иоанн 11:11
25 Iomraidhean Croise  

Гиези Шунеммӕ бахӕццӕ ис сӕ разӕй ӕмӕ пехуымпары лӕдзӕг сабийы цӕсгомыл ӕрӕвӕрдта, фӕлӕ уый иу сым дӕр не скодта, нӕдӕр дзы иу нуар базмӕлыд. Уӕд Гиези фӕстӕмӕ Елисейы размӕ аздӕхт ӕмӕ йын загъта: «Нӕ хъал кӕны лӕппу».


О нӕ Хуыцау, Дӕ адӕм Израилы цурӕй Ды ацы зӕххӕн йӕ раздӕры цӕрджыты дӕр куы фӕсырдтай ӕмӕ уыцы зӕхх Дӕ лымӕн Авраамы байзӕддӕгтӕн куы саккаг кодтай!


Дунедарӕг та Моисеимӕ ныхас кодта лӕгӕй-лӕгмӕ, адӕймаг адӕймагимӕ куыд фӕдзуры, афтӕ. Уый фӕстӕ-иу Моисей рӕсӕнуатмӕ ӕрбаздӕхт. Фӕлӕ-иу Нуны фырт Йешуа, Моисейы кӕстӕриуӕггӕнӕг, баззади Цатыры, уырдыгӕй никуыдӕм цыд.


«Израилы адӕм, Йаковы байзӕддӕгтӕ! Ӕз уӕ равзӕрстон лӕггад кӕнынмӕ, Мӕ хӕлар Авраамы фӕстагӕттӕ!


Сау мӕры чи бафынӕй, уыдонӕй бирӕтӕ райхъал уыдзысты: иутӕ — мыггагмӕйы цард райсынӕн, иннӕтӕ та — ӕнусон худинаг ӕмӕ ӕрдиагӕн.


Ингӕнтӕ байгом сты, ӕмӕ мард сыгъдӕджытӕй бирӕтӕ райгас сты.


уӕд загъта: «Ацӕут ардыгӕй; чызг мард нӕу, фынӕй у». Ӕмӕ Йыл худтысты.


Бацыди ӕмӕ сын загъта: «Цы маст кӕнут, цӕуыл кӕут? Сывӕллон мард нӕу, фынӕй кӕны».


Ӕхсӕвыгон чи цӕуы, уый та фӕкӕлы, уымӕн ӕмӕ дунейы рухс нӕ уыны».


Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Йын загътой: «Хицау, кӕд фынӕй баци, уӕд адзӕбӕх уыдзӕн».


Йесо сын дзырдта Лазыры мӕлӕты тыххӕй, уыдон та афтӕ ӕнхъӕл уыдысты, цыма Уый хуымӕтӕг фынӕйы кой кӕны.


Хотӕ Йесомӕ хабаргӕнӕг арвыстой: «Хицау, Ды кӕй уарзыс, уый рынчын у».


Усаг кӕмӕн ис, уый сиахсаг у. Сиахсаджы хӕлар та лӕууы йӕ фарсмӕ, хъусы йын йӕ райгӕ хъӕлӕсмӕ ӕмӕ йын цин кӕны йӕ циныл. Гъе ахӕм цин ныр ӕрцыди мӕнмӕ дӕр.


Стӕй ӕрхауди йӕ зонгуытыл ӕмӕ хъӕрӕй ныууынӕргъыдта: «Дунедарӕг, ныббар сын ацы тӕригъӕд». Уыцы ныхӕстимӕ Стефан амард.


Уӕд, Чырыстийыл ӕууӕндгӕйӕ чи амард, уыдон дӕр бабын сты.


Куыд ӕмбӕлы, афтӕ уӕхи ӕрӕмбарут ӕмӕ тӕригъӕды мауал ӕфтут. Уӕ худинаджы тыххӕй уын ӕй зӕгъдзынӕн: сымахмӕ ис, Хуыцауы чи нӕ зоны, ахӕмтӕ.


Зӕгъын уын сусӕгдзинад: мах не ’ппӕт дӕр нӕ амӕлдзыстӕм, фӕлӕ не ’ппӕт дӕр фендӕрхуызон уыдзыстӕм.


Уымӕ гӕсгӕ загъдӕуыд: «Райхъал у дӕ фынӕйӕ, рабад мӕрдтӕй, ӕмӕ дӕ Чырысти ныррухс кӕндзӕн».


Ӕмӕ загъта Дунедарӕг Моисейӕн: «Ды дӕ сыджытыл куы бафтай, уӕд ацы адӕм, кӕй бӕстӕм цӕуынц, уыдоны хуыцӕутты фӕдыл адзӕгъӕл уыдзысты. Мӕныл сӕхи атигъ кӕндзысты, Мӕ фидыды сӕрты ахиздзысты.


Йесо амарди мах тыххӕй, цӕмӕй мах, удӕгас уӕм ӕви мард, цӕрӕм Йемӕ.


Афтӕ сӕххӕст, Сыгъдӕг Фыст цы зӕгъы, уый: «Авраам баууӕндыди Хуыцауыл, ӕмӕ йӕ уый тыххӕй Хуыцау банымадта рӕстгӕнӕгыл». Ӕмӕ Авраамы схуындӕуыд Хуыцауы хӕлар.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan