Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Иоанн 11:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Иу адӕймаг, йӕ ном — Лазыр, уыди рынчын. Уый уыди Вифанийӕ, Мариа йӕ хо Марфӕимӕ кӕм царди, уыцы хъӕуӕй.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Иоанн 11:1
15 Iomraidhean Croise  

Цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ Йосефмӕ хабар уыдис, дӕ фыд фӕрынчын ис, зӕгъгӕ, ӕмӕ Йосеф йемӕ ракодта йӕ дыууӕ фырты, Менассиа ӕмӕ Ефремы, ӕмӕ араст ис Йаковмӕ.


Уыйадыл сӕ Йесо ныууагъта, сахарӕй ацыди Вифанимӕ ӕмӕ Йе ’хсӕв уым арвыста.


Йерусалиммӕ сӕ бирӕ нал хъуыд. Елеоны хохы фахсыл Виффаги ӕмӕ Вифанимӕ куы фӕцӕйхӕццӕ кодтой, уӕд Йесо фӕдзырдта Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй дыууӕмӕ


Уыцы ныхӕстыл ма Йесо бафтыдта: «Нӕ хӕлар Лазыр бафынӕй ис, ӕмӕ Ӕз цӕуын йӕ райхъал кӕнынмӕ».


Вифани та Йерусалиммӕ хӕстӕг уыд, се ’хсӕн уыди фынддӕс стадийы бӕрц.


Ӕмӕ иудейӕгтӕй бирӕтӕ ӕрбацыдысты Марфӕ ӕмӕ Мариамӕ се ’фсымӕры зианы тыххӕй сын тӕфӕрфӕс ракӕнынмӕ.


Хотӕ Йесомӕ хабаргӕнӕг арвыстой: «Хицау, Ды кӕй уарзыс, уый рынчын у».


Йесо Лазырмӕ зӕппадзмӕ куыд бадзырдта ӕмӕ йӕ куыд райгас кодта, уый йӕхи цӕстӕй чи федта, уыдон ныр уыцы цауы кой кодтой.


Йесо уым ис, уый иудейӕгтӕй бирӕтӕ базыдтой, ӕмӕ Йӕм ӕрбацыдысты — канд Йесойы тыххӕй нӕ, фӕлӕ, мӕрдтӕй кӕй райгас кодта, уыцы Лазыры фенынмӕ дӕр.


Уыцы рӕстӕг Тавифӕ ӕрбарынчын ис ӕмӕ амарди. Цынадтой йӕ ӕмӕ йӕ уӕллаг уаты сӕвӕрдтой.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan