Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Иоанн 10:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 Ӕз дӕн дуар. Мӕн уылты чи бацӕуа, уый фервӕздзӕн — ӕдӕрсгӕ бацӕудзӕни мидӕмӕ, рацӕудзӕн ӕддӕмӕ ӕмӕ хизӕнуат ссардзӕни.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Иоанн 10:9
16 Iomraidhean Croise  

Адӕмтӕ, сыстаут Дунедарӕджы, стаут Ын Йӕ кад ӕмӕ Йӕ хъомыс!


Йӕ адӕмы Йӕ фӕдыл хондзӕни, уӕрыччыты йӕ къухмӕ чи сисы, йӕ хъӕбысы сӕ чи хӕссы, сӕ мадӕлты сын йӕ фӕдыл рӕвдаугӕ хъӕлӕсӕй чи хоны, уыцы хорз фыййауы хуызӕн.


Йерусалимы йӕ бӕрӕгбӕтты заман нывондаг фос куыд бирӕ вӕййынц, уыйау адӕмӕй байдзаг уыдзысты раздӕры пырх сахартӕ. Ӕмӕ уӕд базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый».


Дунедарӕджы хъомысы фӕрцы стыхджын уыдзысты, размӕ сӕ кӕндзӕни Йӕ ном, — зӕгъы Дунедарӕг.


«Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: уӕтӕрмӕ дуарыл нӕ, фӕлӕ йӕм ӕндӕр искӕуылты чи бахизы, уый давӕг ӕмӕ абырӕг у.


Дуаргӕс ын бакӕны дуар, ӕмӕ йын фыстӕ хъусынц йӕ хъӕлӕс. Уый йӕ фыстӕм дзуры сӕ нӕмттӕй ӕмӕ сӕ ракӕны ӕддӕмӕ.


Уӕд сын Йесо ноджыдӕр загъта: «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: Ӕз дуар дӕн фыстӕн.


Йесо йын загъта: «Ӕз дӕн фӕндаг, ӕцӕгад ӕмӕ цард. Мӕ Фыдмӕ ничи ӕрцӕудзӕн, Мӕ фӕрцы куы не ’рцӕуа, уӕд.


Уыйадыл мах, иудейӕгтӕ ӕмӕ муртаттӕгтӕ, иу Уды фӕрцы баиу стӕм ӕмӕ нӕ дыууӕтӕн дӕр Чырыстийы фӕрцы байгом ис фӕндаг Фыдмӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan