Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Иоанн 10:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 Мӕ размӕ-иу сӕм чи ӕрцыди, уыдон иууылдӕр давджытӕ ӕмӕ абырджытӕ уыдысты, фӕлӕ сӕм фыстӕ нӕ байхъуыстой.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Иоанн 10:8
11 Iomraidhean Croise  

Додойаг фесты, Мӕ фысты рӕгъау Мын чи сафы ӕмӕ сӕ чи ныххӕлиу кодта, уыцы фыййӕуттӕ! — зӕгъы Дунедарӕг.


«Адӕймаджы фырт! Израилы адӕмӕн сӕ фыййӕутты ныхмӕ пехуымпар ныхас фехъусын кӕн. Зӕгъ сын: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: додой сӕ къона Израилы фыййӕуттӕн, сӕхи мӕт чи кӕны, уыдонӕн! Ау, сымах хъуамӕ уӕ дзуджы мӕт ма кӕниккат?


Йӕ уӕздӕттӕ рыхынц домбӕйттау, йӕ тӕрхоны лӕгтӕ ӕхсӕвдзу бирӕгътау райсоммӕ стӕг нал ныууадзынц.


Уымӕн ӕмӕ Ӕз ацы зӕххыл ахӕм фыййауы сӕвӕрдзынӕн, ӕмӕ, чи сӕфы, уыдоныл нӕ бамӕт кӕндзӕн, чи фӕдзӕгъӕл ис, уыдоны нӕ агурдзӕн, рынчынты нӕ дзӕбӕх кӕндзӕн, нӕ бафсаддзӕн ӕнӕнизты. Хӕрзхаст фыстӕн сӕ дзидза хӕрдзӕн ӕмӕ сын сӕ сӕфтджытӕ срӕдувдзӕн.


«Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: уӕтӕрмӕ дуарыл нӕ, фӕлӕ йӕм ӕндӕр искӕуылты чи бахизы, уый давӕг ӕмӕ абырӕг у.


Мӕ фыстӕ хъусынц Мӕ хъӕлӕс, Ӕз сӕ зонын, ӕмӕ уыдон цӕуынц Мӕ фӕдыл.


Ӕцӕгӕлоны фӕдыл та нӕ цӕуынц, фӕлӕ дзы лидзынц, уымӕн ӕмӕ йын йӕ хъӕлӕс нӕ зонынц».


Ӕрӕджы Февдӕ ам февзӕрд, стыр лӕг арӕзта йӕхицӕй, ӕмӕ ма йемӕ баиу цыппарсӕдӕ адӕймаджы бӕрц. Фӕлӕ йӕ куы амардӕуыд, уӕд йӕ фӕдыл цӕуджытӕ иууылдӕр ныххӕлиу сты — ууыл ахицӕн хъуыддаг.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan