Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Иоанн 10:38 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

38 Фӕлӕ сӕ кӕд кӕнын ӕмӕ Мыл уӕддӕр не ’ууӕндут, уӕд Мӕ хъуыддӕгтыл баууӕндут, цӕмӕй базонат ӕмӕ бамбарат, Мӕ Фыд Мемӕ иу кӕй у ӕмӕ Ӕз дӕр Мӕ Фыдимӕ иу кӕй дӕн, уый».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Иоанн 10:38
12 Iomraidhean Croise  

Йесо сын дзуапп радта: «Загътон уын ӕй, ӕмӕ уӕ нӕ уырны. Ӕз Мӕ Фыды номӕй цы хъуыддӕгтӕ аразын, уыдон Мын сты ӕвдисӕн.


Ӕз ӕмӕ Мӕ Фыд иу стӕм».


Йесо уый куы фехъуыста, уӕд загъта: «Уыцы низӕн йӕ кӕрон мӕлӕтмӕ нӕ цӕуы — Хуыцауы кадӕн у, цӕмӕй уый руаджы Хуыцауы Фырты кад раргом уа».


Уыцы бон базондзыстут, Ӕз Мӕ Фыдимӕ иу кӕй дӕн, сымах Мемӕ иу кӕй стут ӕмӕ Ӕз уемӕ иу кӕй дӕн, уый.


Ӕз ныр дунейы нал дӕн, фӕлӕ уыдон дунейы сты, Ӕз та Дӕумӕ цӕуын. Мӕ Сыгъдӕг Фыд! Бахъахъхъӕн сӕ, Ды Мын кӕй радтай, Дӕ уыцы номы хъаруйӕ, Мах иу куыд стӕм, афтӕ уыдон дӕр иу куыд уой.


Уый ӕхсӕвы ӕрбацыди Йесомӕ ӕмӕ Йын загъта: «Равви, мах зонӕм, Ды, Хуыцауӕй Чи ӕрцыд, ахӕм Ахуыргӕнӕг кӕй дӕ. Уымӕн ӕмӕ, Ды цы диссӕгтӕ аразыс, уыдон саразын никӕй бон бауыдзӕн, Хуыцау йемӕ куынӕ уа, уӕд».


Мӕнӕн ис, Иоанн цы загъта, уымӕй тыхджындӕр ӕвдисӕйнаг. Мӕ Фыд Мын цы хъуыддӕгтӕ бафӕдзӕхста, Ӕз уыцы хъуыддӕгтӕ ӕххӕст кӕнын, ӕмӕ уыдон ӕвдисӕн сты, Мӕ Фыд Мӕ кӕй рарвыста, уымӕн.


Израилӕгтӕ, байхъусут, Назаретаг Йесойы тыххӕй уын цы зӕгъдзынӕн, уымӕ: Хуыцау Ӕй кӕй рарвыста, ууыл дзурӕг сты, уӕ цӕстыты раз Хуыцау Йӕ фӕрцы цы стыр хъуыддӕгтӕ, диссӕгтӕ ӕмӕ ӕвдисӕйнӕгтӕ равдыста, уыдон.


Йӕ фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ чи цӕры, уый Хуыцауимӕ ис, ӕмӕ Хуыцау йемӕ ис. Хуыцау немӕ кӕй ис, уый нын ӕргом кӕны, Йӕхӕдӕг нын Кӕй радта, уыцы Сыгъдӕг Уд.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan