34 Йесо сын загъта: «Уе ’Гъдауы афтӕ фыст нӕй: „Ӕз загътон: сымах хуыцӕуттӕ стут“?
Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Давиды псалом. Ды бафӕлвӕрдтай, Дунедарӕг, мӕн ӕмӕ мӕ зоныс.
Зарӕг. Асафы псалом.
Хуыцауы ма фау, дӕ фӕтӕджы фыдгой ма кӕн.
Дӕ бӕсты Аарон дзурдзӕн адӕмимӕ ӕмӕ сӕм хӕццӕ кӕндзӕн дӕ ныхӕстӕ, ды та йын Хуыцауы хуызӕн уыдзынӕ.
Фӕлӕ Дунедарӕг загъта Моисейӕн: «Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ ды фараонӕн Хуыцау уыдзынӕ, де ’фсымӕр Аарон та дӕ пехуымпар уыдзӕни.
Хуыцауы дзырд кӕмӕн лӕвӕрд уыд, кӕд Хуыцау уыдоны хуыцӕуттӕ схуыдта ӕмӕ Сыгъдӕг Фыстӕн аивӕн нӕй,
Адӕм Ын дзуапп радтой: «Ӕгъдауы куыд фыст ис, уымӕй мах зонӕм, Чырысти мыггагмӕ кӕй цӕрдзӕнис, уый. Уӕд Ды куыд зӕгъыс, Адӕймаджы Фырты хъуамӕ уӕлӕмӕ систӕуа, зӕгъгӕ? Чи у уыцы Адӕймаджы Фырт?»
Фӕлӕ афтӕмӕй хъуамӕ сӕххӕст уа, се ’Гъдауы цы фыст ис, уый: „Дзӕгъӕлы Мӕ уынынц се сӕфт“.
Уе ’Гъдауы дӕр афтӕ фыст ис, дыууӕ адӕймаджы ӕвдисӕнад раст у, зӕгъгӕ.
Ӕгъдауы фыст ис: «Ӕндӕр ӕвзӕгтыл, ӕцӕгӕлон ныхасыздӕхтӕй дзурдзынӕн ацы адӕмимӕ, фӕлӕ Мӕ уӕддӕр нӕ фехъусдзысты», — зӕгъы Дунедарӕг.