Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Иоанн 10:24 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

24 Уым Ыл иудейӕгтӕ ӕрӕмбырд сты ӕмӕ Йын дзырдтой: «Кӕдмӕ ма нӕ тыхсын кӕндзынӕ? Кӕд Чырысти дӕ, уӕд нын ӕй ӕргом зӕгъ».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Иоанн 10:24
13 Iomraidhean Croise  

Илийа адӕмы раз ӕрлӕууыд ӕмӕ загъта: «Уӕ дыууӕ къахӕй ма бирӕ къуылых цӕудзыстут, цас ракӕ-бакӕ кӕнут? Кӕд Дунедарӕг у уӕ Хуыцау, уӕд Уымӕн кувут, кӕд Баал, уӕд та — уымӕн!» Адӕмӕй хъыпп-сыпп ничи сфӕрӕзта.


«Ӕрцӕуинаг Чи у, Уый Ды дӕ, ӕви ӕндӕрмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм?»


Уыдӕттӕ сын дзырдта ӕргомӕй. Уӕд Ӕй Петр иуварс акодта ӕмӕ Йын уайдзӕфтӕ кӕнын райдыдта.


Адӕм Чырыстимӕ тынг ӕнхъӕлмӕ кастысты, ӕмӕ дзы алчи йӕхимидӕг хъуыды кодта, кӕд Иоанн, мыййаг, Чырысти у, зӕгъгӕ.


Иудейӕгтӕ Йерусалимӕй сауджынтӕ ӕмӕ левитты Иоаннмӕ, ды чи дӕ, зӕгъгӕ, бафӕрсынмӕ куы арвыстой,


Ӕмӕ та иудейӕгтӕ ногӕй дуртӕм фӕлӕбурдтой, дурты бын Ӕй фӕкӕнӕм, зӕгъгӕ.


Иудейӕгтӕ Йын дзуапп радтой: «Хорз хъуыддӕгты тыххӕй Дӕ нӕ хъавӕм дуртӕй амарынмӕ, фӕлӕ, Хуыцауы кӕй фауыс — адӕймаг уӕвгӕйӕ, Дӕхицӕй Хуыцау кӕй аразыс, уый тыххӕй».


Ӕз уын ныронг ӕмбисӕндтӕй дзырдтон. Фӕлӕ афон куы ’рцӕуа, уӕд уын Ӕз фӕсномыгӕй нал дзурдзынӕн, фӕлӕ уын ӕргомӕй Фыды тыххӕй зӕгъдзынӕн.


Уӕд Ӕй бафарстой: «Ды чи дӕ?» Йесо сын загъта: «Ӕз Чи дӕн, уый тыххӕй уын райдианӕй дзурын.


Ау, нӕ фыдӕл Авраам дӕр ма куы амард, уӕд Ды уымӕй уӕлдӕр дӕ? Пехуымпартӕ дӕр куы амардысты, уӕд Ды Дӕхи кӕуыл нымайыс?»


Йӕ ныййарджытӕ иудейӕгтӕй тарстысты ӕмӕ ахӕм дзуапп уымӕн радтой, уымӕн ӕмӕ иудейӕгты уынаффӕмӕ гӕсгӕ, Йесойы ӕргомӕй Чырыстийыл чи банымайа, уый хъуамӕ синагогӕйӕ тард ӕрцыдаид.


Махмӕ ис ахӕм ныфс ӕмӕ архайӕм ӕргом, ӕдӕрсгӕ;


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan