22 Йерусалимы ралӕууыди Кувӕндон Ссыгъдӕг кӕныны бӕрӕгбон. Уыди зымӕг.
Паддзах Соломон стурвосӕй нывондӕн ӕрхаста дыууӕ ӕмӕ ссӕдз мин сӕры, лыстӕг фосӕй та — ӕхсӕзыссӕдз мин сӕры. Афтӕмӕй паддзах ӕмӕ адӕм иууылдӕр Хуыцауы хӕдзар срухс скодтой.
Израилӕгтӕ, сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕ ӕмӕ, уацарӕй чи ӕрбаздӕхти, уыдон иууылдӕр райгӕ скуывтой Хуыцауы хӕдзарӕн.
Йерусалимӕй ӕрцӕуӕг динамонджытӕ та дзырдтой, Веелзевулы дӕлбар у, зӕгъгӕ, ӕмӕ дӕлимонты дӕр се ’лдары хъаруйӕ суры.
Иннӕтӕ семӕ нӕ разы кодтой: «Уыдон хӕйрӕджджыны ныхӕстӕ не сты. Хӕйрӕгӕн куырмыты цӕстӕй ракӕсын кӕнын йӕ бон кӕцӕй у?»
Йесо зылди Кувӕндоныл, Соломоны тыргъы.