Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Иоанн 10:16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

16 Ацы уӕтӕрӕй чи нӕу, ахӕм фыстӕ дӕр Мын ис, ӕмӕ Мӕ уыдоны дӕр ӕрбакӕнын хъӕуы. Уыдон дӕр фехъусдзысты Мӕ хъӕлӕс ӕмӕ иууылдӕр суыдзысты иу дзуг, ӕмӕ сын иу Фыййау уыдзӕни.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Иоанн 10:16
48 Iomraidhean Croise  

Иудӕ паддзахы лӕдзӕгӕй ӕнӕхай нӕ фӕуыдзӕн, йӕ байзӕддаг паддзахы бадӕнӕй нӕ фӕхаудзӕн, цалынмӕ, паддзахы бартӕ Кӕмӕ сты, Уый не ’рцӕуа, ӕмӕ адӕмтӕ Йӕ дӕлбар не суой, уӕдмӕ.


Куырыхонты ӕмбисӕндтӕ — фос тӕрӕджы лӕдзӕджы ӕнгӕс, хост зӕгӕлтау адӕймаджы зӕрдӕйы ахизынц. Чи сӕ фыста, уыдоны иу Фыййау рарвыста.


Уыцы заман куы ралӕууа, уӕд, Йессейы Ӕвзарӕй цы тала сырӕза, уый адӕмтӕн суыдзӕни цӕстуынгӕ нысан, адӕмтӕ йӕ бацагурдзысты. Цы бынаты ӕрцӕра, уымӕн йӕ кады кой айхъуысдзӕни дӕрдтыл.


Цӕгатӕн зӕгъдзынӕн: „Ӕри Мын сӕ!“ Хуссарӕн та: „Мауал Мын сӕ уром!“ Дардӕй Мын ӕрбакӕнут Мӕ фыртты, зӕххы кӕрӕттӕй — Мӕ чызджыты,


Загъта мын: «Ды — Мӕ лӕггадгӕнӕг, фӕлӕ ма, уымӕй уӕлдай, Ды Йаковы раздӕры хъомыс раздахдзынӕ. Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ ды рухс суыдзынӕ адӕмтӕн, цӕмӕй, Мӕнӕй цы ирвӕзындзинад рацыд, уый аххӕсса зӕххы кӕрӕттӕм».


Дунедарӕг Йӕ уаз хъомыс равдыста адӕмтӕн се ’ппӕтӕн. Дунейӕн йӕ иу кӕронӕй йӕ иннӕ кӕронмӕ иууылдӕр уыдзысты ӕвдисӕн, нӕ Хуыцау нӕ куыд фервӕзын кодта, уымӕн.


Алы бӕстӕтыл чи ныххӕлиу ис, уыцы израилӕгты фӕстӕмӕ сӕхи зӕхмӕ Чи ӕрбакодта, Уый, Дунедарӕг Хуыцау, зӕгъы: «Ӕцӕгӕлӕттӕй уемӕ чи баиу, уыдоныл ма Ӕз ноджыдӕр бафтаудзынӕн».


Фыййау, чи ныххӕлиу, йӕ уыцы фосы дзуг ногӕй куыд банымайы, афтӕ Ӕз дӕр банымайдзынӕн Мӕ фос, суӕгъд сӕ кӕндзынӕн, сау ӕмӕ мигъдзаст бон сӕ кӕдӕм фӕтардӕуыд, уыцы рӕттӕй.


Мӕ фосы сӕргъы сӕвӕрдзынӕн иу фыййауы, чи сӕ хиза, уый — Мӕ цагъар Давиды. Уый сӕ хиздзӕн, уыдзӕни сӕ фыййау.


Адзӕгъӕл сты алы хӕхтӕ, алы бӕрзӕндтыл, ныххӕлиу сты ӕппӕт зӕххы цъарыл, ӕмӕ ничи цӕуы сӕ фӕдыл, ничи сӕ агуры.


Уыцы зӕххыл сӕ, Израилы хӕхтыл, иу адӕм скӕндзынӕн, се ’ппӕтӕн дӕр уыдзӕнис иу паддзах, ӕмӕ дыууӕ адӕмы нал уыдзысты, уӕдӕй фӕстӕмӕ дыууӕ паддзахадыл нал дих кӕндзысты.


Мӕ цагъар Давид суыдзӕни сӕ паддзах, се ’ппӕты фыййау, ӕмӕ Мын ӕххӕст кӕндзысты Мӕ уагӕвӕрдтӕ, нымайдзысты ӕмӕ ӕххӕст кӕндзысты Мӕ амындтытӕ.


Фӕлӕ израилӕгтӕ сбирӕ уыдзысты денджызы змисау — банымайӕн дӕр ӕмӕ сбарӕн дӕр кӕмӕн нӕй. Ӕмӕ сын афтӕ кӕм загъдӕуыд: «Сымах Мӕ адӕм не стут», зӕгъгӕ, уым сын дзурдзысты: «Сымах стут Цардӕгас Хуыцауы хъӕбултӕ».


Уыцы бон бирӕ адӕмтӕ Дунедарӕгмӕ се ’ргом раздахдзысты ӕмӕ суыдзысты Мӕ адӕм, Ӕз та де ’хсӕн ӕрцӕрдзынӕн. Уӕд базондзынӕ, дӕумӕ Мӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕг кӕй рарвыста, уый.


Петр йӕ ныхас нӕма фӕци, афтӕ сӕ рухскалгӕ ӕврагъ ӕрӕмбӕрзта, ӕмӕ уырдыгӕй райхъуысти: «Ай, Кӕуыл аудын, Мӕ уыцы уарзон Фырт у. Хъусут Ӕм».


Кӕнӕ райсӕм, йӕ дӕс драхмӕйӕ иу кӕмӕн фесӕфт, уыцы сылгоймаджы. Ау, цырӕгътӕ не ссудздзӕн ӕмӕ хӕдзар мӕрзын нӕ райдайдзӕн, ӕмӕ йӕ цалынмӕ не ссара, уӕдмӕ йӕ зӕрдиагӕй нӕ агурдзӕн?


Ӕз дӕн хорз фыййау; хорз фыййау йӕ цард ратты йӕ фысты сӕраппонд.


Дуарыл бацӕуӕг та фыстӕн сӕ фыййау у.


Мӕ фыстӕ хъусынц Мӕ хъӕлӕс, Ӕз сӕ зонын, ӕмӕ уыдон цӕуынц Мӕ фӕдыл.


Дуаргӕс ын бакӕны дуар, ӕмӕ йын фыстӕ хъусынц йӕ хъӕлӕс. Уый йӕ фыстӕм дзуры сӕ нӕмттӕй ӕмӕ сӕ ракӕны ӕддӕмӕ.


Ӕмӕ Йӕ фысты иууылдӕр ӕддӕмӕ куы ракӕны, уӕд фӕцӕуы сӕ разӕй, уыдон та цӕуынц йӕ фӕдыл, уымӕн ӕмӕ йын йӕ хъӕлӕс зонынц.


Ӕцӕгӕлоны фӕдыл та нӕ цӕуынц, фӕлӕ дзы лидзынц, уымӕн ӕмӕ йын йӕ хъӕлӕс нӕ зонынц».


стӕй ӕрмӕст Йӕ адӕмы сӕрвӕлтау нӕ, фӕлӕ ма, алы рӕтты чи ныххӕлиу ис, Хуыцауы уыцы хъӕбулты ӕрӕмбырд ӕмӕ ӕрбаиу кӕныны тыххӕй дӕр.


Ӕрмӕст уыдоны тыххӕй нӕ кувын, фӕлӕ ма, сӕ ныхасы фӕрцы Мӕныл чи баууӕнда, уыдоны тыххӕй дӕр.


Мӕ Фыд Мын кӕй дӕтты, уыдон Мӕм ӕрбацӕудзысты, ӕмӕ, Мӕнмӕ чи ӕрбацӕуа, ууыл Ӕз Мӕхи нӕ атигъ кӕндзынӕн.


Симон нын радзырдта, Хуыцау райдианы муртаттӕгтӕм куыд ӕркасти, уый, цӕмӕй Йӕхицӕн уыдонӕй адӕм сӕвзара.


Ӕз демӕ дӕн, ӕмӕ дӕм фыдбылыз саразынмӕ никӕй къух баххӕсдзӕн, уымӕн ӕмӕ Мын ацы сахары бирӕ адӕм ис».


Ананиа мын загъта: „Нӕ фыдӕлты Хуыцау дӕ сӕвзӕрста, цӕмӕй Йын базонай Йӕ фӕндон, фенай Рӕстгӕнӕджы ӕмӕ Йын фехъусай Йӕ хъӕлӕс.


Фӕнды мӕ, ӕфсымӕртӕ, сымахӕн ацы сусӕгдзинад раргом кӕнын, цӕмӕй уӕхицӕй ма ныббуц уат: Израилы иу хай нӕ басӕтдзӕн, цалынмӕ муртаттӕгтӕй, цас ӕмбӕлы, уый бӕрц Хуыцаумӕ ӕрцӕуа, уӕдмӕ.


Мах та сымах тыххӕй, Бардарӕг кӕй бауарзта, нӕ уыцы ӕфсымӕртӕ, хъуамӕ иудадзыг арфӕ кӕнӕм Хуыцауӕн — Уый дуне сфӕлдисыны размӕ сымах сӕвзӕрста, цӕмӕй фервӕзат, Йӕ Уд уӕ кӕй ссыгъдӕг кодта ӕмӕ ӕцӕгадыл кӕй баууӕндыдыстут, уый фӕрцы.


Мыггагмӕйы фидыд фидаргонд цы Тугӕй ӕрцыд, уый фӕрцы Йӕ фыстӕн стыр Фыййау Чи сси, нӕ уыцы Бардарӕг Йесойы мӕрдтӕй райгасгӕнӕг фӕрнджын Хуыцау


«Кӕддӕр адӕм нӕ уыдыстут, ныр та — Хуыцауы адӕм. Кӕддӕр Ын Йӕ хорзӕх нӕ зыдтат, ныр та дзы хайджын стут».


Уымӕн ӕмӕ сымах уыдыстут дзӕгъӕл фыстау, фӕлӕ ныр раздӕхтыстут уӕ Фыййау ӕмӕ уӕ Мӕтгӕнӕгмӕ.


Ӕмӕ Хистӕр Фыййау куы ’рцӕуа, уӕд райсдзыстут кады ӕнусон хӕрзиуӕг.


Мӕнӕ Ӕз дуармӕ лӕууын ӕмӕ хойын. Мӕ хъӕлӕс Мын чи фехъуса ӕмӕ дуар чи байгом кӕна, уымӕ бацӕудзынӕн ӕмӕ йемӕ минас кӕндзынӕн, уый та — Мемӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan