Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Иоанн 1:51 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

51 Ноджы ма йын загъта: «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: нырӕй фӕстӕмӕ уындзыстут, арвы дуар куыд байгом вӕййы ӕмӕ Хуыцауы зӕдтӕ Адӕймаджы Фыртмӕ куыд ӕрцӕуынц ӕмӕ фӕстӕмӕ уӕларвмӕ куыд ссӕуынц, уый».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Иоанн 1:51
55 Iomraidhean Croise  

Федта фын: зӕххыл лӕууы, йӕ кӕрон уӕларвыл кӕмӕн ӕмбӕлы, ахӕм асин, ӕмӕ йыл Хуыцауы зӕдтӕ уӕлӕмӕ-дӕлӕмӕ хизынц.


Кевары доны был хаст адӕмимӕ куы цардтӕн — ӕртынӕм азы, цыппӕрӕм мӕйы фӕндзӕм бон — уӕд арвы дуар байгом ис, ӕмӕ мын Хуыцау равдыста цӕстылуайӕн.


«О кард! Сыст Мӕ фыййауыл, ӕввахс Мӕм чи лӕууы, ууыл! — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. — Ӕрцӕв фыййауы, ӕмӕ фыстӕ ныххӕлиу уой! Ӕз Мӕ къух уӕрыччытӕм сисдзынӕн.


«Адӕймаджы Фырт ӕппӕт зӕдтимӕ Йӕ кадимӕ куы ’рцӕуа, уӕд сбаддзӕнис Йӕ кадджын бынаты.


Ӕниу, Адӕймаджы Фырт фӕцӕуы, Сыгъдӕг Фыст Дзы куыд зӕгъы, афтӕ. Фӕлӕ сар йӕ сӕр, гадзрахатӕй Йыл чи рацӕуа, уымӕн. Уыцы адӕймаг куы нӕ райгуырдаид, уӕд ын хуыздӕр уыдаид».


Аргъуыды фӕстӕ, Йесо донӕй куыд рахызти, афтӕ Йӕ сӕрмӕ арвы дуар фегом ис, ӕмӕ федта: Хуыцауы Уд бӕлоны хуызы ӕрцӕуы ӕмӕ Йӕм ӕрбахӕстӕг кӕны.


Уӕд Ӕй хӕйрӕг ныууагъта. Уайтагъд Ӕм ӕрцыдысты зӕдтӕ ӕмӕ Йын кӕстӕриуӕг кодтой.


Йесо йын дзуапп радта: «Рувӕстӕн ис хуыккӕмттӕ, уӕларвон мӕргътӕн — ахстӕттӕ. Адӕймаджы Фыртӕн та, Йӕ сӕр кӕм ӕркъул кӕна, уый дӕр нӕй».


Фӕлӕ сымах хъуамӕ зонат: Адӕймаджы Фыртӕн ахӕм бар ис, цӕмӕй зӕххыл тӕригъӕдтӕ хатыр кӕна». Ӕмӕ ӕндзыгнизӕй хъыгдардӕн загъта: «Рабад, сис дӕ хуыссӕн ӕмӕ ацу уӕхимӕ».


Йесо донӕй куы рацӕйхызт, уӕд федта, арвы дуар куыд фегом ис ӕмӕ Йӕм бӕлоны хуызы Сыгъдӕг Уд куыд ӕрцӕйцыди, уый.


Йесо загъта: «Ӕз дӕн. Ӕмӕ сымах „Адӕймаджы Фырты фендзыстут Ӕппӕтхъомысы рахизфарс бадгӕ ӕмӕ уӕларвон ӕврӕгътыл ӕрцӕйцӕугӕ“».


Зӕды фарсмӕ ӕваст фегуырди ӕнӕнымӕц уӕларвон ӕфсад. Уыдон кадджын кодтой Хуыцауы:


Ӕвиппайды Хуыцауы зӕд сӕ разы февзӕрди, ӕмӕ Хуыцауы кадӕй бӕстӕ ныррухс ис. Фыййӕуттӕ фыр тӕссӕй сӕхи дӕр нал ӕмбӕрстой.


Уӕд Ӕм уӕларвӕй ӕрцыди зӕд ӕмӕ Йӕ удвидар кодта.


Фӕлӕ нырӕй фӕстӕмӕ Адӕймаджы Фырт ӕрбаддзӕн Ӕппӕтхъомыс Хуыцауы рахизфарс».


ӕмӕ джихӕй аззадысты. Ӕваст сӕ разы дыууӕ лӕджы цӕхӕркалгӕ дарӕсы февзӕрдысты.


Иоанн, иннӕ адӕмыл куы аргъуыдта, уӕд Йесойыл дӕр саргъуыдта. Аргъуыд исгӕйӕ, Йесо куывта, афтӕмӕй арвы дуар фегом ис,


Йесо йын дзуапп радта: «Ды ӕууӕндыс, уымӕн ӕмӕ дын загътон: „Ӕз дӕ федтон легъуи бӕласы бын“. Фендзынӕ ма уымӕй фылдӕр».


«Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: уӕтӕрмӕ дуарыл нӕ, фӕлӕ йӕм ӕндӕр искӕуылты чи бахизы, уый давӕг ӕмӕ абырӕг у.


Уӕд сын Йесо ноджыдӕр загъта: «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: Ӕз дуар дӕн фыстӕн.


Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: цагъар йӕ хицауӕй уӕлдӕр нӕу, стӕй минӕвар дӕр йӕ рарвитӕгӕй уӕлдӕр нӕу.


Йесо йын дзуапп радта: «Дӕ цард Мӕн тыххӕй ратдзынӕ? Зӕгъын дын: уасӕг нӕма ныууасдзӕн, афтӕ Мыл ӕртӕ хатты атигъ кӕндзынӕ дӕхи.


Ӕцӕг уын зӕгъын, ӕцӕг: Мӕныл чи ӕууӕнды, уый араздзӕн, Ӕз кӕй аразын, ахӕм хъуыддӕгтӕ, ӕмӕ йын ноджы стырдӕр хъуыддӕгтӕ саразын дӕр бантысдзӕн, уымӕн ӕмӕ Ӕз цӕуын Мӕ Фыдмӕ.


Ӕцӕг цы у, Ӕз уын уый зӕгъын: сымах кӕудзыстут ӕмӕ дзыназдзыстут, дуне та цин кӕндзӕн. Сымах хъыг кӕндзыстут, фӕлӕ уӕ хъыг раивдзӕни цинӕй.


Уӕд Мӕ ницӕмӕйуал фӕрсдзыстут. Ӕцӕг уын зӕгъын, ӕцӕг: Мӕ номӕй цыдӕриддӕр ракурат Фыдӕй, уый уын ратдзӕни.


Ӕцӕг цы у, уый дын зӕгъын: ды ӕрыгон куы уыдтӕ, уӕд-иу дӕ рон дӕ астӕуыл дӕхӕдӕг ӕрбабастай ӕмӕ дӕ кӕдӕм фӕндыди, уырдӕм-иу ацыдтӕ. Фӕлӕ куы базӕронд уай, уӕд дӕ къухтӕ размӕ радардзынӕ, ӕндӕр исчи дын дӕ астӕуыл дӕ рон ӕрбабӕтдзӕн ӕмӕ дӕ акӕндзӕни, кӕдӕм дӕ нӕ фӕнда, уырдӕм».


Йесо йын дзуапп радта: «Ӕцӕг цы у, уый дын зӕгъын: ногӕй чи нӕ райгуыра, уымӕн йӕ бон нӕ бауыдзӕн Хуыцауы Паддзахад фенын».


Йесо йын дзуапп радта: «Ӕцӕг цы у, уый дын зӕгъын: дон ӕмӕ Сыгъдӕг Удӕй чи нӕ райгуыра, уымӕн йӕ бон нӕ бауыдзӕни Хуыцауы Паддзахадмӕ бацӕуын.


Уый фӕдыл сын Йесо загъта: «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: Фырт Йӕхи фӕндӕй ницы саразы, Фыд цы аразы, уый куынӕ уына, уӕд: Фыд цыдӕриддӕр аразы, уый аразы Фырт дӕр.


ӕмӕ Йын радта тӕрхон кӕныны бар, уымӕн ӕмӕ Уый у Адӕймаджы Фырт.


Йесо сын дзуапп радта: «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: диссӕгтӕ кӕй федтат, уый тыххӕй Мӕ нӕ агурут, фӕлӕ, кӕрдзын кӕй бахордтат ӕмӕ кӕй бафсӕстыстут, уый тыххӕй.


Йесо сын загъта: «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: уӕларвӕй уын дзул Моисей нӕ радта, фӕлӕ уын Мӕ Фыд дӕтты ӕцӕг дзул уӕларвӕй.


Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: Мӕныл чи ӕууӕнды, уымӕн ис мыггагмӕйы цард.


Йесо сын загъта: «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: Адӕймаджы Фырты Буар куынӕ хӕрат ӕмӕ Йын Йӕ Тугӕй куынӕ нуазат, уӕд цард нӕ фендзыстут.


Йесо сын дзуапп радта: «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: тӕригъӕды чи цӕуы, уый тӕригъӕды цагъар у.


Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: Мӕ ныхас Мын чи сӕххӕст кӕна, уый мӕлӕт никуы фендзӕн».


Йесо сын загъта: «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: Авраамы райгуырды размӕ дӕр ӔЗ УЫДТӔН ӕмӕ ДӔН».


арвы дуар байгом ис, ӕмӕ зӕхмӕ ӕрцӕйцыди цыдӕр, стыр кӕттаджы хуызӕн, йӕ цыппар тигъӕй йӕ ӕрцӕйуагъдӕуыд.


«Мӕнӕ уынын, — загъта, — арвы дуар гомӕй ӕмӕ Адӕймаджы Фырты Хуыцауы рахизфарс лӕугӕ».


Сымахӕн та, ныр зын уавӕры чи ис, уыдонӕн, махимӕ иумӕ удӕнцой ратдзӕнис, Бардарӕг Йесо Йӕ хъомысджын зӕдтимӕ пиллонкалгӕ арты мидӕг уӕлӕрвтӕй куы ’рцӕуа, уӕд.


Уыдонӕн рахастӕуыдзӕн мыггагмӕ амӕлыны тӕрхон, ӕнӕхай фӕуыдзысты Бардарӕгӕй ӕмӕ Йе стыр кадӕй,


Гуырысхойаг нӕу — нӕ уырнындзинады сусӕгдзинад стыр у: Хуыцау ӕрцыди адӕймаджы буары, Сыгъдӕг Уд Ӕй банымадта ӕназымыл, зӕдтӕ Йӕ федтой, Йӕ ном хъуыстгонд ӕрцыд адӕмты ’хсӕн, баууӕндыдысты Йыл дунейы, уӕлӕрвтӕм Ӕй систӕуыд кадимӕ.


Ау, зӕдтӕ иууылдӕр цумагӕнӕн монтӕ не сты, ӕмӕ сӕ Хуыцау, чи хъуамӕ фервӕза, уыдонӕн балӕггад кӕнынмӕ не ’рвиты?


Уыдоны тыххӕй пехуымпариуӕг кодта Енох дӕр — Адамы байзӕддаджы ӕвдӕм фӕлтӕрӕй: «Мӕнӕ фӕцӕуы Дунедарӕг Йе ’нӕнымӕц сыгъдӕг зӕдтимӕ,


Ӕз федтон арвы дуар гомӕй ӕмӕ Барӕджы урс бӕхыл. Барӕджы хонынц Иузӕрдион ӕмӕ Ӕцӕг, уымӕн ӕмӕ ӕнӕхӕрам сты Йӕ тӕрхон ӕмӕ Йӕ тох.


Уый фӕстӕ ӕз федтон арвы дуар гомӕй. Ӕмӕ раздӕр кӕй фехъуыстон, сыкъауадындзы зӕлынау мемӕ цы хъӕлӕс ныхас кодта, уый мын загъта: «Ссу ардӕм, ӕмӕ дын Ӕз фенын кӕнон, фидӕны цы уыдзӕн, уый».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan