48 Нафанаил Ӕй бафарста: «Ды мӕ кӕцӕй зоныс?» Йесо йын дзуапп радта: «Филипп дӕм нӕма фӕдзырдта, афтӕ дӕ Ӕз федтон легъуи бӕласы бын».
Ӕз-иу сӕ фехъусдзынӕн, нӕма-иу Мӕм скувдзысты, афтӕ. Сӕ курдиат-иу нӕма зӕгъдзысты, афтӕ-иу сын ӕй сӕххӕст кӕндзынӕн.
Филипп ӕмӕ Варфоломей, Фома ӕмӕ хъалонисӕг Матфей, Алфейы фырт Йаков ӕмӕ, фӕсномыгӕй Фаддей кӕй хуыдтой, уыцы Леввей,
Ды та, куы фӕкувыс, уӕд бацу дӕ уатмӕ, сӕхгӕн дӕ дуар ӕмӕ скув, цӕстӕй Кӕй нӕ уыныс, дӕ уыцы Фыдмӕ. Ӕмӕ дӕ Фыд, сусӕг хъуыддӕгтӕ уынӕг, дӕу схорзӕхджын кӕндзӕн ӕргомӕй.
Филипп та уыди Вифсаидӕйӕ, Андрей ӕмӕ Петр кӕцӕй уыдысты, уыцы сахарӕй.
Уыдон бацыдысты Филиппмӕ, уымӕн ӕмӕ уый уыди галилейаг Вифсаидӕйӕ, ӕмӕ йӕм бахатыдысты: «Хорз лӕг, кӕд гӕнӕн ис, уӕд мах Йесойы фенын фӕнды».
Филипп Ын загъта: «Хицау, равдис нын Дӕ Фыды, ӕмӕ нын уый фаг уыдзӕни».
ӕмӕ Йын адӕймаджы тыххӕй исчи исты загътаид, уый сӕр Ӕй нӕ хъуыд — йӕ зӕрдӕйы кӕмӕн цы ис, уый Йӕхӕдӕг хорз зыдта.
Йесо акаст ӕмӕ, бирӕ адӕм ӕрбацӕйцӕугӕ куы федта, уӕд Филиппӕн загъта: «Сӕ бафсадыны фаг кӕрдзын кӕм балхӕнӕм?»
Филипп Ын дзуапп радта: «Цӕмӕй сӕ фӕйнӕ къӕбӕры фӕуа, уый тыххӕй дыууӕсӕдӕ динары аргъ дӕр кӕрдзын не сфаг уыдзӕн».
Раргом уыдзысты йӕ зӕрдӕйы сусӕгтӕ, ӕмӕ уӕд ныддӕлгом уыдзӕн зӕххыл, бакувдзӕн Хуыцаумӕ ӕмӕ зӕгъдзӕн: «Хуыцау ӕцӕгдӕр уемӕ ис».
Уӕдӕ афонӕй раздӕр тӕрхон ма кӕнут, цалынмӕ Бардарӕг ӕрцӕуа, уӕдмӕ — Уый хурмӕ рахӕсдзӕни талынджы ӕмбӕхст хъуыддӕгтӕ, раргом кӕндзӕни зӕрдӕйы фӕндтӕ, ӕмӕ уӕд Хуыцауӕй алчидӕр райсдзӕн йӕ хӕрзиуӕг.