41 Андрей ӕвӕстиатӕй бацагуырдта йе ’фсымӕр Симоны ӕмӕ йын загъта: «Мах ссардтам Мессиайы» (ома Чырыстийы).
Уый фӕстӕ загътой: «Раст нӕ кӕнӕм. Ацы бон цины бон у, ӕмӕ цины уац ӕвӕстиатӕй фехъусын кӕнӕм нӕ паддзахӕн. Науӕд боны срухсмӕ ам куы баззайӕм, уӕд фӕазымджын уыдзыстӕм».
Растадысты зӕххон паддзӕхтӕ, ӕрбамбырд сты иумӕ барджынтӕ Дунедарӕг ӕмӕ Йӕ байсӕрсты ныхмӕ:
Скатай сты адӕмтӕ, базмӕлыдысты паддзахӕдтӕ: Хуыцауы хъӕлӕс райхъуысти, ӕмӕ зӕхх атади.
Ууыл ӕртыхсдзӕни Дунедарӕджы Уд — уӕлзонд ӕмӕ ӕмбарынады Уд, уынаффӕ ӕмӕ хъомысы Уд, зонынады ӕмӕ Дунедарӕгӕн аргъуыц кӕныны Уд.
Мӕныл ис Дунедарӕг Хуыцауы Уд, уымӕн ӕмӕ Мӕ Хуыцау байсӕрста мӕгуыртӕн фарны уац фехъусын кӕнынмӕ, састзӕрдӕты сдзӕбӕх кӕнынмӕ, уацайрӕгтӕ ӕмӕ ахӕстытӕн, се ссӕрибары рӕстӕг кӕй ралӕууыд, уый зӕгъынмӕ.
«Чызг банхъӕлцау уыдзӕн ӕмӕ ныййардзӕн Фырт, схондзысты Йӕ Эммануил», ома «Хуыцау немӕ ис».
Куы сӕм бакастысты, уӕд радзырдтой, Сывӕллоны тыххӕй сын цы загъдӕуыди, уый.
Уый дӕр сӕм уыцы рӕстӕг бацыди, кадджын кодта Хуыцауы, Йерусалимы фервӕзтмӕ ӕнхъӕлмӕ чи касти, уыдонӕн дзырдта Йесойы тыххӕй.
Уӕд Филипп бацагуырдта Нафанаилы ӕмӕ йын загъта: «Мах ссардтам, Моисейы Ӕгъдауы, стӕй пехуымпарты чингуыты Кӕй тыххӕй фыст ис, уыцы Назаретаг Йесойы, Йосифы фырты».
Сылгоймаг Ын зӕгъы: «Ӕз ӕй зонын, Мессиа, ома, Чырысти кӕй хонынц, Уый кӕй ӕрцӕудзӕн ӕмӕ, куы ’рцӕуа, уӕд нын алцыдӕр бацамондзӕн».
Сымах зонут, Хуыцау Назаретаг Йесойы кӕй схайджын кодта Сыгъдӕг Удӕй ӕмӕ хъаруйӕ. Йесо цыди ӕмӕ алы ран дӕр арӕзта хорз хъуыддӕгтӕ, дзӕбӕх кодта хӕйрӕджджынты, уымӕн ӕмӕ Хуыцау Йемӕ уыд.
Ӕмӕ ӕцӕгдӕр ӕрбамбырд сты ацы сахары Ирод ӕмӕ Понтий Пилат муртаттӕгтӕ ӕмӕ Израилы адӕмимӕ Дӕ байсӕрст сыгъдӕг Лӕггадгӕнӕг Йесойы ныхмӕ,
Мах цы федтам ӕмӕ фехъуыстам, уый уын хъусын кӕнӕм, сымахӕн немӕ иудзинад куыд уа, афтӕ. Махӕн та иудзинад Фыдимӕ ӕмӕ Йӕ Фырт Йесо Чырыстиимӕ ис.