4 Уый уыди царддӕттӕг, ӕмӕ уыцы цард адӕмӕн уыди сӕ рухс.
Уӕлӕрвтӕ расидтысты Йӕ рӕстад — Хуыцау Йӕхӕдӕг у тӕрхонгӕнӕг.
Хорзӕх ӕмӕ иузӕрдиондзинад баиу уыдзысты, рӕстдзинад ӕмӕ фарн кӕрӕдзийӕн батӕ кӕндзысты.
Куырмыты акӕндзынӕн, нырмӕ кӕй нӕ зыдтой, ахӕм фӕндагыл, ӕнӕзонгӕ фӕндӕгтыл сӕ акӕндзынӕн. Сӕ размӕ сын тар ныррухс кӕндзынӕн, сӕ фӕндӕгтӕ сын слӕгъз кӕндзынӕн. Гъе афтӕ сыл ауддзынӕн, нӕ сӕ ныууадздзынӕн.
Сымахыл та, Мӕ номӕн кад чи кӕны, уыдоныл, скӕсдзӕни рӕстдзинады хур. Йӕ тынтӕ ӕвдадзы хос сты, ӕмӕ, фосдонӕй ӕддӕмӕ кӕй рауагътой, уыцы хӕрзхаст родтау гӕппытӕ кӕндзыстут.
Талынджы цы адӕм цардысты, уыдон ӕгӕрон рухс федтой, мӕлӕтон тар бӕстӕйы чи царди, уыдоны сӕрмӕ рухс сӕрттывта».
Муртаттӕгтӕн Уый уыдзӕни Дӕу ӕргомгӕнӕг рухс, Дӕ адӕмӕн, Израилӕн та — йӕ кад».
Йесо йын загъта: «Ӕз дӕн мӕрдтӕй ӕгасгӕнӕг ӕмӕ царддӕттӕг. Мӕныл чи ӕууӕнды, уый куы амӕла, уӕддӕр райгас уыдзӕн.
Уӕд сын Йесо загъта: «Иу цасдӕр рӕстӕг ма уыдзӕни рухс уемӕ. Цалынмӕ рухс ис, уӕдмӕ цӕут, цӕмӕй уӕ талынг ма бамбӕрза, уымӕн ӕмӕ талынджы цӕуӕгмӕ йӕ развӕд нӕ зыны.
Ӕз дӕн рухс ӕмӕ ӕрцыдтӕн дунемӕ, чидӕриддӕр Мыл ӕууӕнды, уыдон талынджы куыннӕуал уой, афтӕ.
Йесо йын загъта: «Ӕз дӕн фӕндаг, ӕцӕгад ӕмӕ цард. Мӕ Фыдмӕ ничи ӕрцӕудзӕн, Мӕ фӕрцы куы не ’рцӕуа, уӕд.
Тӕрхон та уый мидӕг ис, ӕмӕ рухс ӕрцыди дунемӕ, фӕлӕ адӕм рухсӕй фылдӕр бауарзтой талынг, уымӕн ӕмӕ сӕ хъуыддӕгтӕ хӕрам уыдысты.
Фыд мӕрдты куыд ӕгас кӕны ӕмӕ сын цард куыд дӕтты, афтӕ Фырт дӕр цард дӕтты, кӕмӕн Ӕй фӕнды, уыдонӕн.
Фыд Йӕхӕдӕг царддӕттӕг куыд у, афтӕ Йӕ Фырты дӕр скодта царддӕттӕг
Йесо дарддӕр адӕмӕн дзырдта: «Ӕз дунейӕн рухс дӕн. Мӕ фӕдыл чи рацӕуа, уый талынджы нӕ цӕудзӕни, фӕлӕ схайджын уыдзӕн царды рухсӕй».
Цалынмӕ Ӕз дунейы дӕн, уӕдмӕ Ӕз дунейӕн дӕн рухс».
Ома Чырысти фӕхъизӕмар кӕндзӕн, мӕрдтӕй фыццаг Уый райгас уыдзӕн, ӕрхӕсдзӕн рухс иудейаг адӕмӕн ӕмӕ муртаттӕгтӕн».
Сыгъдӕг Фыст дӕр афтӕ зӕгъы: «Фыццаг адӕймаг — Адам — сси удгоймаг», фӕстаг Адам та сси царддӕттӕг Уд.
Уымӕ гӕсгӕ загъдӕуыд: «Райхъал у дӕ фынӕйӕ, рабад мӕрдтӕй, ӕмӕ дӕ Чырысти ныррухс кӕндзӕн».
Уӕ цард — Чырысти — куы раргом уа, уӕд Йемӕ раргом уыдзӕн уӕ кад дӕр.
Райдианӕй цы уыди, мах цы фехъуыстам, нӕхи цӕстӕй цы федтам, цӕмӕ кастыстӕм ӕмӕ нӕ уырзтӕй цы басгӕрстам, Царды уыцы Дзырды тыххӕй хъусын кӕнӕм сымахӕн.
Уымӕн ӕмӕ нын Цард раргом кодта йӕхи, федтам ӕй ӕмӕ йын стӕм ӕвдисӕн. Ӕмӕ уын хъусын кӕнӕм, Фыдимӕ чи уыди ӕмӕ махӕн йӕхи чи раргом кодта, уыцы мыггагмӕйы Царды тыххӕй.
Уыцы ныхас ууыл у, ӕмӕ нын Хуыцау ралӕвар кодта мыггагмӕйы цард, ӕмӕ уыцы цард Йӕ Фырты руаджы лӕвӕрд цӕуы.
Зӕд мын фенын кодта кристаллау ӕрттивгӕ царддӕттӕг дон. Уый калди Хуыцау ӕмӕ Уӕрыччы бадӕнӕй,
«Ӕз, Йесо, Мӕ зӕды арвыстон ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй сымахӕн аргъуанты зӕгъынмӕ. Ӕз дӕн Давиды Ӕвзар ӕмӕ Байзӕддаг, тӕмӕнкалгӕ Бонвӕрнон».