31 Ӕз Ӕй нӕ зыдтон, фӕлӕ донӕй аргъауынмӕ уымӕн ӕрцыдтӕн, цӕмӕй Йӕ Израилӕн раргом кӕнон».
Мӕнӕ Ӕз ӕрвитын Мӕ фидиуӕджы, цӕмӕй Мын Мӕ развӕндаг слӕгъз кӕна. Ӕвиппайды Йӕ Кувӕндонмӕ ӕрцӕудзӕн, сымах кӕй агурут, уыцы Бардарӕг, кӕмӕ бӕллут, уыцы бадзырды Фидиуӕг. Мӕнӕ ныридӕгӕн ӕрбацӕуы, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. —
Уыцы рӕстӕг Йесо Галилейӕ ӕрцыдис Иорданмӕ, цӕмӕй Йыл Иоанн донӕй саргъауа.
ӕргомӕй састысты сӕ тӕригъӕдтыл, ӕмӕ сыл Иоанн аргъуыдта Иорданы цӕугӕдоны.
Илийайы уд ӕмӕ хъаруимӕ цӕудзӕни Бардарӕджы разӕй, цӕмӕй фыдӕлтӕ ӕмӕ сӕ цоты зӕрдӕтӕ раздаха кӕрӕдзимӕ, хивӕндты раст зондыл сараза ӕмӕ адӕмы бацӕттӕ кӕна Бардарӕджы ӕрцыдмӕ».
Ай тыххӕй уын загътон: „Мӕ фӕстӕ цы Адӕймаг цӕуы, Уый фӕци мӕ разӕй, уымӕн ӕмӕ ӕз нӕма уыдтӕн, Уый та уыди“.
Ӕмӕ Иоанн, ӕвдисӕн лӕугӕйӕ, дзырдта: «Ӕз федтон, Сыгъдӕг Уд уӕларвӕй бӕлоны хуызы Уымӕ куыд ӕрцӕйцыд ӕмӕ Йемӕ куыд баззади, уый.
Ӕз Ӕй нӕ зыдтон, фӕлӕ мӕ донӕй аргъауынмӕ Чи рарвыста, Уый мын загъта: „Уд ӕрцӕйцӕугӕ ӕмӕ ӕрӕнцайгӕ Кӕуыл фенай, Уый у Сыгъдӕг Удӕй аргъауӕг“.
Уый ӕрцыдис ӕвдисӕнӕн, цӕмӕй зӕгъа Рухсы тыххӕй ӕмӕ Йыл адӕм иууылдӕр баууӕндой йӕ фӕрцы.
Павел загъта: «Иоанн аргъуыдта, йӕ тӕригъӕдтыл чи ӕрфӕсмон кодта, уыдоныл. Уый дзырдта адӕмӕн, цӕмӕй баууӕндой, йӕ фӕстӕ Чи ӕрцӕуы, Ууыл, ома Йесойыл».