3 Ӕппӕт дӕр Уый фӕрцы сфӕлдыстӕуыд, ӕмӕ, цыдӕриддӕр ис, уыдонӕй ӕнӕ Уымӕй ницы сфӕлдыстӕуыд.
Райдианы Хуыцау сфӕлдыста арв ӕмӕ зӕхх.
Хуыцау загъта: «Сфӕлдисӕм адӕймаджы, Нӕхи хуызӕн, Нӕхи ӕнгӕс куыд уа, афтӕ. Уадз ӕмӕ ӕлдариуӕг кӕна денджызы кӕсӕгтӕн, уӕларвон мӕргътӕн; ӕппӕт зӕххыл — йӕ алы фос, йӕ алы хилӕгойӕн».
Йе ’ргом Ӕм чи раздӕхта, уыдонӕн сӕ цӕсгӕмттӕ ныррухс сты, ӕмӕ никуы фегад уыдзысты.
уӕд ӕз Йӕ разы нывгӕнӕг уыдтӕн, ӕрвылбоны цин Ын фестадтӕн. Ӕз цин кодтон ӕдзухдӕр Йӕ разы,
Ӕз сарӕзтон зӕхх, сфӕлдыстон ыл адӕймаджы. Мӕхи къухтӕй айтыгътон уӕлӕрвтӕ ӕмӕ уӕларвӕфсадӕн бафӕдзӕхстон Ме ’гъдау ӕххӕст кӕнын.
Дунедарӕг Хуыцау сфӕлдыста арв ӕмӕ зӕхх. Зӕххыл ӕрӕвӕрдта Йӕ фидар ӕгъдау. Афтидӕй йӕ нӕ ныууагъта, фӕлӕ йын сныв кодта, цӕмӕй йыл ӕрцӕрой Йе сконд адӕм. Ӕмӕ уыцы Хуыцау зӕгъы: «Ӕз Дунедарӕг дӕн, Мӕн йеддӕмӕ ничи у Дунедарӕг.
Уый уыдис, Йӕ фӕрцы чи фӕзынди, уыцы дунейы, фӕлӕ Йӕ дуне нӕ базыдта.
Уый райдианы уыди Хуыцаумӕ.
уӕддӕр махӕн ис, ӕппӕт дӕр Чи сфӕлдыста ӕмӕ мах Кӕмӕн цӕрӕм, уыцы иунӕг Фыд Хуыцау ӕмӕ, ӕппӕт дӕр Кӕй руаджы сфӕлдыстӕуыд ӕмӕ цардӕй Кӕй фӕрцы схайджын стӕм, уыцы иунӕг Бардарӕг Йесо Чырысти.
алкӕмӕн дӕр раргом кӕнын, райдианӕй фӕстӕмӕ Хуыцау, ӕппӕт Сфӕлдисӕг, ӕмбӕхстӕй кӕй дардта, уыцы уазвӕнд ирвӕзындзинады тыххӕй,
Уырнындзинады фӕрцы мах базонӕм: Хуыцау дун-дуне сфӕлдыста Йӕ Дзырдӕй — цӕстӕй цы нӕ уынӕм, уымӕй рантыст, цӕстӕй цы уынӕм, уый.
Йесо Чырысти кӕй у, ууыл чидӕриддӕр ӕууӕнды, уый Хуыцауӕй райгуырд, ӕмӕ, Фыды чидӕриддӕр уарзы, уый Йын уарзы Йӕ хъӕбулты дӕр.
Лаодикийы аргъуаны зӕдмӕ дӕр ныффысс: „Афтӕ зӕгъы Аммен, иузӕрдион ӕмӕ ӕцӕг ӕвдисӕн, Хуыцау цыдӕриддӕр сфӕлдыста, ӕппӕт уыдоны Райдиан:
«Ды цыт ӕмӕ кады аккаг дӕ, нӕ тыхджын Дунедарӕг ӕмӕ нӕ Хуыцау, уымӕн ӕмӕ ӕппӕт дӕр Ды сфӕлдыстай, ӕппӕт дӕр сфӕлдыстӕуыд ӕмӕ ӕппӕт дӕр Дӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ ис».