28 Ацы ныхас рауади Вифанийы, Иорданы цӕугӕдоны фаллаг фарс, Иоанн кӕм аргъуыдта, уым.
Дыккаг бон Йесо Галилеймӕ цӕуынвӕнд скодта. Ссардта Филиппы ӕмӕ йын загъта: «Цом Мемӕ».
Ӕмӕ та ногӕй ацыди Иорданы фаллаг фарсмӕ, уымӕй размӕ Иоанн донӕй кӕм аргъуыдта, уырдӕм; ӕмӕ иу цасдӕр уым фӕци.
«Ацы хӕрздӕфгӕнӕн уыди ӕртӕсӕдӕ динарыл ауӕйгӕнӕн ӕмӕ ӕхца мӕгуыртыл байуарӕн».
Иоанн дӕр дарддӕр аргъуыдта Еноны, Салиммӕ хӕстӕг, уымӕн ӕмӕ уым дон бирӕ уыди. Ӕмӕ йӕм адӕм цыдысты донаргъуыд райсынмӕ.
Уӕд бацыдысты Иоаннмӕ ӕмӕ йын загътой: «Равви, Иорданы фаллаг фарс демӕ Чи уыдис ӕмӕ ды Кӕй тыххӕй дзырдтай, Уый аргъауы донӕй, ӕмӕ адӕм иууылдӕр Уымӕ цӕуынц».
Ефремы хӕхтӕм дӕр Гедеон фӕдисӕттӕ арвыста: «Хӕхтӕй ӕрхизут ӕмӕ мидианӕгтӕн цӕугӕдонмӕ фӕндаг сӕхгӕнут! Иорданы былгӕрон суанг Бет-Барыйы онг бацахсут!» Ефремы байзӕддӕгтӕ ӕрбамбырд сты ӕмӕ цӕугӕдонмӕ фӕндаг сӕхгӕдтой, Иорданы былгӕрон Бет-Барыйы онг бацахстой.