9 Ау, Ӕз сӕ уый тыххӕй нӕ бафхӕрдзынӕн? — зӕгъы Дунедарӕг. — Ау, ахӕм адӕмӕй Мӕ маст нӕ райсдзынӕн?»
Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хъомысджын Хуыцау: «Ныр Мӕ маст ныккалдзынӕн Мӕ фыдгултыл, Мӕ маст райсдзынӕн Ме знӕгтӕй.
Тӕрхоны бон куы ралӕууа, дардӕй уӕм фыдбылыз куы фӕзына, уӕд чердӕм цы кӕндзыстут, ӕххуысагур кӕмӕ лидздзыстут? Кӕм бафснайдзыстут уӕ бирӕ исбон?
Къададӕтты дойнаг дуртӕ — уӕ хай, уӕ амонд. Уыдонӕн ӕрбахӕссут сӕн, лӕвар сын кӕнут хойраджы хуынтӕ. Ӕмӕ Ӕз уыдӕттӕй райгонд куыд хъуамӕ уон?
Кӕдмӕ дзыназдзӕн зӕхх, быдырты кӕрдӕг кӕдмӕ хус кӕндзӕн? Зӕххон цӕрджыты аххосӕй сӕфынц цӕрӕгойтӕ ӕмӕ мӕргътӕ, уымӕн ӕмӕ уыдон дзурынц: «Нӕ фӕндӕгтӕ нын Уый нӕ уыны».
Кӕсын, ӕмӕ цъиуызмӕлӕг нал зыны, уӕларвон мӕргътӕ иууылдӕр алырдӕм фӕтахтысты, дидинӕгкалӕг бӕстӕ ӕдзӕрӕг быдыр фестади. Ныппырх сты йӕ сахартӕ Дунедарӕджы фӕндонӕй, Йӕ судзгӕ мастӕй.
Ау, ахӕм адӕмӕй Ӕз Мӕ маст нӕ райсдзынӕн? — зӕгъы Дунедарӕг.
Ау, Ӕз сӕ уыдӕтты тыххӕй нӕ бафхӕрдзынӕн? — зӕгъы Дунедарӕг. — Ау, ахӕм адӕмӕй Мӕ маст нӕ райсдзынӕн?
Уый тыххӕй бахус уыдзӕни зӕхх, ӕмӕ фырвӕллад бауыдзысты йе ’ппӕт цӕрджытӕ — быдыры цӕрӕгойтӕ, уӕларвон мӕргътӕ ӕмӕ суанг денджызы кӕсӕгтӕ дӕр бабын уыдзысты.
О Дунедарӕг, Дӕумӕ дзыназын ӕз! Арт аныхъуырдта ӕдзӕрӕг быдыртӕ, басыгъта бӕлӕстӕ.
Израилӕгтӕ, байхъусут ацы ныхасмӕ, цы хъарӕг уыл скодтон, уымӕ!
Ахаудис Израилы чызг, сыстын нал у йӕ бон! Йӕ райгуырӕн зӕххыл лӕзӕры — нӕй йӕ сисӕг!