8 Се ’взаг — мӕлӕтдзаг фат, сӕ дзыхтӕ — семыдзаг мӕнгдзинадӕй. Сыхаджы ӕрмӕст дзыхы ныхасӕй уарзынц, сӕ мидзӕрдӕйы та сӕвӕрынц ахсӕн хызтӕ.
Авнер Хевронмӕ фӕстӕмӕ куы баздӕхти, уӕд ӕй Йоав кулдуарӕй фӕмидӕг кодта, цыма йын аивӕй цыдӕр зӕгъынмӕ хъавыд, уый хуызӕн ӕмӕ йын уым йӕ гуыбын барӕхуыста, йе ’фсымӕр Асаелы туг дзы райста.
Дунедарӕг, кӕдмӕ уыдзынӕн рох Дӕуӕй, кӕдмӕ мӕ ’мбӕхсдзынӕ Дӕ цӕсгом?
Ӕнӕхъуаджы фӕндтӕ кӕдмӕ кӕндзынӕн, бон-сауизӕрмӕ кӕдмӕ рисдзӕн мӕ зӕрдӕ? Ме знаг мӕм уӕлейӕ дӕлӕмӕ кӕдмӕ кӕсдзӕни?
Дӕ къах дын Уый нӕ бауадздзӕни фӕцудын, дӕ хъахъхъӕнӕг рӕдзӕ-мӕдзӕ нӕ кӕны.
Дунедарӕджы хъӕлӕс денджызты сӕрмӕ ныййазӕлыд, цытджын Хуыцау ныннӕрыди, Дунедарӕджы хъӕлӕс бӕстӕ ныццарыдта дӕтты сӕрмӕ.
Ӕнӕхуыцӕуттӕ сӕ райгуырдӕй фӕстӕмӕ галиу фӕндагыл лӕууынц, сӕ райгуырынӕй адзӕгъӕл сты, сайынц.
Цӕрӕнбонты Дын арфӕ кӕндзынӕн, хӕрдмӕ мӕ къухтӕ сдардзынӕн Дӕ номыл.
Ды ’рсабыр кӕныс денджызы уылӕнтӕ, змӕнтӕг адӕмты.
Йӕ хионы ныхмӕ мӕнгӕвдисӕн чи ныллӕууы, уый у старц, кард ӕмӕ цыргъ фаты ’нгӕс.
Мӕ адӕмы ’хсӕн ис фыдгӕнджытӕ. Мӕргъты чи ахсы, уыдонау рӕсӕны бабадынц, адӕмы ахсынӕн сӕвӕрынц къӕппӕджытӕ.
Ау, Ӕз сӕ уыдӕтты тыххӕй нӕ бафхӕрдзынӕн? — зӕгъы Дунедарӕг. — Ау, ахӕм адӕмӕй Мӕ маст нӕ райсдзынӕн?
«Мӕнг ныхӕстӕ дзурынӕн се ’взӕгтӕ фатау нылвӕстой, мӕнгдзинады фӕрцы стыхджын сты зӕххыл. Сӕ фыдбылызтӕн нӕй кӕрон. Нӕ зонынц Мӕн, — зӕгъы Дунедарӕг. —
Алчи йӕ хӕларӕй дӕр хъахъхъӕнӕд йӕхи, ӕфсымӕрыл дӕр ма ӕууӕндут. Алы ӕфсымӕр дӕр — фӕлитой, алы хӕлар дӕр — цъыфкалӕг.
Алчи йе ’мбалы сайы ӕмӕ йын раст ныхас нӕ дзуры. Се ’взӕгтӕ ахуыр сты мӕнгдзинадыл.
Ацы сахары хъӕздгуытӕ сӕ фыдмитӕй кӕй нал ӕфсӕдынц, йӕ цӕрджытӕ мӕнгард кӕй сты ӕмӕ сӕ раст ныхас кӕй нал хъуысы,