7 Уымӕ гӕсгӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: «Ӕз сӕ стайын кӕндзынӕн, бафӕлвардзынӕн сӕ! Уӕдӕ ӕндӕр Мӕ адӕмӕн цы бакӕнон?
Авессалом ма йын загъта: «Уӕд та ме ’фсымӕр Амнон рацӕуӕд немӕ». Паддзах ӕй фӕрсы: «Цӕй тыххӕй хъуамӕ ацӕуа демӕ?»
Дунедарӕг сӕм, сӕ фыдӕлты Хуыцау, ӕдзухдӕр ӕрвыста Йӕ минӕвӕртты, уымӕн ӕмӕ тӕригъӕд кодта Йӕ адӕмӕн, йӕ Цӕрӕнӕн.
Рӕхцгӕ ӕмӕ фынӕй нӕ кӕны Израилы хъахъхъӕнӕг.
Цӕрӕнбонты Дын арфӕ кӕндзынӕн, хӕрдмӕ мӕ къухтӕ сдардзынӕн Дӕ номыл.
Ӕз дӕм Ме ’ргом раздахдзынӕн ӕмӕ дӕ ссыгъдӕг кӕндзынӕн дӕ сыгъдоны чъизийӕ, дӕ къала дын иууылдӕр стайын кӕндзынӕн.
Ныр уӕ батайын кодтон, фӕлӕ ӕвзисты хуызӕн нӕ — хъизӕмӕртты куынцгомы уӕ сфӕлтӕрдтон.
Уымӕн ӕмӕ уӕ къухтӕ — тугӕйдзаг, уӕ былалгъыл ӕдзух — фӕлывд, фӕлитой ныхӕстӕ.
«Ау, Ефрем Мӕ зынаргъ фырт нӕу? Ау, Мӕ уарзон хъӕбул нал у? Фыдбылызтӕ йын арӕх ӕвзарын кодтон, фӕлӕ Мӕ рох нӕу. Мысын ӕй, ныххатыр ын кӕндзынӕн», — зӕгъы Дунедарӕг.
«Ӕрзилут-ма Йерусалимы уынгты, ӕркӕсут, базонут-ма, ацагурут фӕзты: цымӕ дзы иу раст адӕймаджы ссариккат, рӕстдзинадмӕ чи тырны, ахӕмы, — уӕд Ӕз ацы сахарӕн ныббардзынӕн!
«Йеремиа, Ӕз дӕуӕй сарӕзтон згъӕртайынгӕнӕг, мӕ адӕмӕй та — згъӕрдур, цӕмӕй, сӕ хъуыддӕгтӕ цӕй аргъ сты, уый базонай.
Байхъусут Дунедарӕджы ныхасмӕ, израилӕгтӕ! Уый ацы бӕстӕйы цӕрджытӕн тӕрхон кӕны, уымӕн ӕмӕ сӕ зӕххыл нал ис рӕстдзинад ӕмӕ хӕлардзинад, ничиуал зоны Хуыцауы.
Уыцы ӕртыккаг хай Ӕз ӕвзистау арты батайын кӕндзынӕн, ссыгъдӕг сӕ кӕндзынӕн сыгъзӕринау. Уыдон Мӕм кувдзысты, ӕмӕ сӕ Ӕз фехъусдзынӕн. Ӕз зӕгъдзынӕн: „Адон сты Мӕ адӕм“. Уыдон зӕгъдзысты: „Дунедарӕг — нӕ Хуыцау!“»
Уый бавдӕлдзӕн ӕмӕ ӕвзист батайын ӕмӕ ссыгъдӕг кӕндзӕн. Левийы байзӕддӕгты ссыгъдӕг ӕмӕ стайын кӕндзӕн, сыгъзӕрин ӕмӕ ӕвзистау, цӕмӕй Дунедарӕгӕн рӕстаг нывӕндтӕ хӕссой.
Сыгъзӕрин фӕразы артӕн, фӕлӕ уӕддӕр ӕнусон нӕу; сыгъзӕринӕй зынаргъдӕр чи у, уӕ уыцы фӕлтӕрд уырнындзинад раппӕлыны, намыс ӕмӕ кады аккаг уыдзӕн, Йесо Чырысти куы ’рцӕуа, уӕд.
Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, уӕ бафӕлварыны тыххӕй фыдӕвзарӕнты кӕй ӕфтут, уый уӕм диссаг ма кӕсӕд, цыма уыл цыдӕр ӕнахуыр хъуыддаг ӕрцыди, уыйау.