4 Алчи йӕ хӕларӕй дӕр хъахъхъӕнӕд йӕхи, ӕфсымӕрыл дӕр ма ӕууӕндут. Алы ӕфсымӕр дӕр — фӕлитой, алы хӕлар дӕр — цъыфкалӕг.
Уый йын загъта: «Нырӕй фӕстӕмӕ дӕ ном уыдзӕн Йаков нӕ, фӕлӕ Израил, уымӕн ӕмӕ ды хӕцыдтӕ Хуыцауимӕ ӕмӕ адӕмыл дӕр уӕлахиз кӕндзынӕ».
Мӕ зӕрдӕ — цӕф, бахус ис кӕрдӕгау, хӕрды мӕт дӕр мӕ ферох ис.
Зӕххыл Дын чи ис, Дӕ уыцы диссаджы сыгъдӕджытӕм, ӕз тырнын зӕрдиагӕй.
Мӕнг ӕвзаг ӕнӕуынондзинад ӕмбӕхсы; ӕдылы хахуыртӕ дыууӕрдӕм хӕссы.
Йӕ хионы ныхмӕ мӕнгӕвдисӕн чи ныллӕууы, уый у старц, кард ӕмӕ цыргъ фаты ’нгӕс.
Уыдон исты фыдбылыз куынӕ саразой, уӕд сыл ӕхсӕв хуыссӕг нӕ хӕцы, искӕмӕн знаггад куынӕ ракӕной, уӕд ӕхсӕвыгон фынӕй нӕ кӕнынц.
Фыдракӕндтӕй сӕхи бафсадынц дзулау, ӕмӕ тыхмитӕ сӕнау нуазынц.
Дунедарӕгӕн ӕхсӕз хъуыддаджы сты ӕнӕуынон, ӕвдӕммӕ та ӕлгъаджы цӕстӕй кӕсы:
мӕнгдзинадӕй чи улӕфы, уыцы мӕнгӕвдисӕн ӕмӕ дыууӕ ’фсымӕры кӕрӕдзиуыл ардауӕг.
Дунедарӕгыл нӕ зӕрдӕ сивтам, мӕнг ныхӕстӕ дзырдтам, нӕ Хуыцауы фӕдыл цӕуын нӕ разы кодтам; гадзрахатмӕ, ӕгъатыр митӕм сидтыстӕм, мысыдыстӕм, хъусын кодтам мӕнгдзинад.
Адӕмы сӕ фӕтӕгтӕ фӕрӕдийын кӕндзысты, рӕдыд фӕндагыл сӕ акӕндзысты, цӕмӕй бабын уой.
Суанг дыл де ’фсымӕртӕ ӕмӕ дӕ хӕдзаронтӕ дӕр гадзрахатӕй рацыдысты, хъӕр кӕнынц дӕ фӕдыл. Хӕларзӕрдӕйӕ дӕм куы дзурой, уӕд дӕр-иу сыл ма баууӕнд.
Уыдон иууылдӕр хивӕнд ӕмӕ ӕнӕсӕттон сты, кӕрӕдзиуыл цъыфкалӕн кӕнынц ӕмӕ уый фӕрцы цӕрынц. Ӕрхуы ӕмӕ ’фсӕйнагӕй уӕлдай не сты, иууылдӕр схъахбай сты.
Се ’взаг — мӕлӕтдзаг фат, сӕ дзыхтӕ — семыдзаг мӕнгдзинадӕй. Сыхаджы ӕрмӕст дзыхы ныхасӕй уарзынц, сӕ мидзӕрдӕйы та сӕвӕрынц ахсӕн хызтӕ.
Дӕ хахуыргӕнджыты аххосӕй адӕмы туг ныккӕлы, дӕ кувӕн къуыбыртыл гуымирытӕн хаст нывӕндтӕ хӕрынц, дӕ мидӕг алы ӕлгъаг митӕ аразынц.
Дам-думтӕ ма хӕлиу кӕн дӕ адӕмы ’хсӕн ӕмӕ йӕ цард макӕмӕн аскъуын. Ӕз Дунедарӕг дӕн.
Иу Фыд нӕй не ’ппӕтӕн дӕр? Иу Хуыцау нӕ не сфӕлдыста? Уӕдӕ кӕрӕдзиуыл сайдӕй цӕмӕн цӕуӕм, цӕмӕн халӕм нӕ фыдӕлты фидыд?
Уӕхи хъахъхъӕнут адӕмӕй: уыдон уӕ тӕрхондӕттӕм дӕтдзысты, сӕ синагогӕты уӕ ехсӕй нӕмдзысты.
Ратдзӕн ӕфсымӕр ӕфсымӕры ӕмӕ фыд хъӕбулы мӕлӕтмӕ, зӕнӕг рацӕудзӕн йӕ ныййарджыты ныхмӕ ӕмӕ сӕ марын кӕндзӕни.
Ӕмӕ уыл суанг уӕ ныййарджытӕ, уе ’фсымӕртӕ, уӕ хӕстӕджытӕ ӕмӕ уӕ хӕлӕрттӕ дӕр гадзрахатӕй рацӕудзысты, кӕйдӕрты уӕ мӕлӕтмӕ дӕр ратдзысты.
Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй сымахӕй уыцы хъуыддаджы йе ’фсымӕры тӕригъӕды мачи бацӕуа ӕмӕ йӕ ма асайа йӕхи пайдайӕн. Уымӕн ӕмӕ уын мах раздӕр куыд дзырдтам ӕмӕ уӕ рагацау куыд фӕдзӕхстам, афтӕ ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй адӕймаг ӕфхӕрд баййафдзӕн.