25 «Ахӕм рӕстӕг ӕрцӕудзӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ Ӕз, ӕрмӕстдӕр буары сунӕт чи скодта, уыдонӕн стӕрхон кӕндзынӕн.
Дедан, Тема ӕмӕ Бузы цӕрджытӕн, стӕй, сӕ къӕмисӕнтӕ цы адӕмтӕ дасынц, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр;
Иудей ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕ, Дунедарӕджы сӕраппонд уӕхицӕн сунӕт скӕнут! Уӕ зӕрдӕтӕн скӕнут сунӕт, цӕмӕй уӕ фыдракӕндты аххосӕй Мӕ маст ма ссудза артау, ӕнӕахуысгӕ зынгирвӕзтау.
Сӕ теуатӕ кӕйдӕр ӕфтиаг суыдзысты, сӕ бирӕ рӕгъӕуттӕ знӕгты хай бауыдзысты. Сӕ къӕмисӕнтӕ дасӕг адӕмы Ӕз дымгӕмӕ ныффӕйлаудзынӕн, алырдыгӕй сыл фыдбылызтӕ бафтаудзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг. —
Ды амӕлдзынӕ ӕндӕрбӕстӕгты къухӕй, ӕнӕсунӕттӕ куыд амӕлынц, афтӕ, уымӕн ӕмӕ афтӕ зӕгъын Ӕз, Дунедарӕг Хуыцау».
Уӕдӕ ды Едемы бӕлӕстӕй кӕй баййӕфтай дӕ кад ӕмӕ дӕ хъомысӕй? Ныр ды дӕр Едемы бӕлӕстау ӕппӕрст ӕрцӕудзынӕ мӕрдтыбӕстӕм ӕмӕ ӕнӕсунӕтты, карды амӕттаг чи баци, уыдоны ’хсӕн лӕзӕрдзынӕ. Уыдон сты фараон ӕмӕ йӕ бирӕ дӕм», — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.
Мӕ Кувӕндонмӕ Мын мауал кӕнут ӕцӕгӕлӕтты, буарӕй дӕр ӕмӕ зӕрдӕйӕ дӕр ӕнӕсунӕт чи у, уыдоны, ӕмӕ Мын мауал ӕгад кӕной Мӕ Кувӕндон. Фиу ӕмӕ Мын туг, Мӕ хойраг, нывондӕн куы хастат, уӕд адон уӕ цуры уыдысты, ӕмӕ-иу афтӕмӕй уӕ алы ӕлгъӕгтӕй фехӕлдтат, Ӕз уемӕ цы фидыд сарӕзтон, уый.
Уӕ къӕмисӕнты хил ма ӕлвынут, стӕй уӕ зачъетӕ ма цыбыр кӕнут.
Ӕз дӕр сӕ ныхмӕ уый тыххӕй рацыдтӕн, се знӕгты зӕхмӕ сӕ фӕсырдтон. Се ’нӕсунӕтгонд зӕрдӕтӕ куы басӕттой, уӕд уымӕй бафиддзысты сӕ азым,
ӕгас зӕххыл цы адӕмтӕ ис, уыдоны ’хсӕн сымах равзӕрстон. Уымӕ гӕсгӕ уын уӕ тӕригъӕдтӕй иунӕг дӕр нӕ ныббардзынӕн.
Ӕддаг бакастӕй иудейаг чи у, ӕцӕг иудейаг уый нӕу, буарыл цы сунӕт ис, ӕцӕг сунӕт уый нӕу.
Ӕцӕг иудейаг, зӕрдӕйӕ иудейаг чи у, уый у; ӕцӕг сунӕт, Ӕгъдау афтӕ кӕй домы, уый тыххӕй конд нӕу, фӕлӕ Удӕй аразгӕ зӕрдӕйы сунӕт у. Ахӕм адӕймагӕй адӕм нӕ, фӕлӕ Хуыцау раппӕлы.
Ионатан йӕ хотыхдарӕн загъта: «Цӕй ӕмӕ ацы ӕнӕсунӕттӕм бахъуызӕм. Кӕд нын Дунедарӕг баххуыс кӕнид — Уымӕн зын нӕу махӕн уӕлахиз раттын, фӕнды бирӕ уӕм, фӕнды — чысыл».
Давид йӕ цуры лӕуджыты бафарста: «Уыцы филистимаджы чи амара ӕмӕ Израилы фидистӕй чи бахиза, уымӕн цавӕр хорзы бацыдӕуыдзӕн? Чи у, чи, уыцы ӕнӕсунӕт филистимаг, цы фидистӕ кӕны удӕгас Хуыцауы ӕфсадӕн?»